РЦИ-Аланийы адæмон артист Дауыраты Эдуард бæрæг кæны йæ 65 азы юбилей
Уарзон æмæ æнæмæлгæ зарæджы зæлтæ - юбилярæй лæвар. Дауыраты Эдуарды хъæлæс тавы зæрдæ, хъары уды æрфытæм, æвзæрын кæны алæмæты æнкъарæнтæ адæймаджы миддунейы. Ахæм æгæрон тых ис йæ хъæлæсæн. Йæ концертты, æвæццæгæн æмæ алы адæймагмæ дæр афтæ фæкæсы, цыма æрмæст уымæн зары. Ахæм у аивады стыр тых. Хуымæтæг хуымæллæггаг лæппу аивадимæ йæ цард сбæтдзæн, ууыл хъуыды дæр нæ кодта, кæд йæ сабибонтæй фæстæмæ зарыд, уæддæр. Скъолайы фæстæ каст фæцис историон факультет. Æмæ йæ уæд бамбæрста, йæ зæрдæ уæддæр сценæмæ кæй тырны. Афтæмæй ГИТИС-ы райста музыкалон дæсныйад. Æрыздæхт Мæскуыйæ Ирыстонмæ. Кусын райдыдта Оперæ æмæ балеты театры. Йæ царды 20 азы балæвар кодта классикон музыкæйæн. Йæ бирæ сурæттæй ирддæртæ - Чайковскийы «Пиковая дама»-йы Герман, Туриддуйы «Сельская честь»-æй парти æмæ иннæтæ. Куыста бирæ зындгонд зарæггæнджытимæ. Дауыраты Эдуарды фæлтæрддзинадыл æмæ курдиатыл дызæрдыг ничиуал кæны. Фæлæ йæхимæ афтæ нæ кæсы - ныр дæр ма æрвылбон кусы йæхиуыл. Иу репетици дæр нæй хуымæтæджы арвитæн, арæх фæзæгъы адæмон артист. Дæ хъæлæсыл хъуамæ кусай, дæ алы зарæджы дæр хъуамæ бавæрай æнкъарæнтæ. Æрмæст уæд де сфæлдыстад ссардзæн фæндаг алы зæрдæмæ дæр. Абон юбиляр у Паддзахадон филармонийы, Гæздæнты Булаты номыл адæмон инструментты ансамблы æмæ Суанты Кимы номыл эстрадон оркестры солист. Классикон уацмыстæ сты зарæггæнæджы репертуары бындур. Æнæ уыдонæй нæ уыны йе сфæлдыстад. Фæлæ уæддæр ирон зарджытæн зæрдæйы ис хицæн æмæ æппæтæй арфдæр бынат. Фарон бацæттæ кодта цымыдисаг проект - Адæмон инструментты оркестримæ иумæ бакуыстой ирон зарджытыл æмæ радтой концерт. Ныр дæр республикæйы сгуыхт артисткæ, концертмейстер Ирина Малякинаимæ кусынц классикон музыкæйы концертыл. Хъуыды кæны Муслим Магомаевы репертуарæй арæзт музыкалон изæрыл дæр бакусын. Фæндтæ бирæ. Артист сыл куыд зæрдиагæй архайы, уымæй бæрæг у - рæхджы сæ адæм дæр фендзысты!