Гуыцмæзты Аннæ бæрæг кæны йæ 90 азы юбилей

Ацы къамтӕ æвдисæн сты цымыдисаг цаутæн. Сывæллæтты сфæлдыстады хæдзары 65 азы бакусгæйæ чысыл не сты. Гуыцмæзты Аннæ алы къамистӕн йӕ алы уысм дæр хорз хъуыды кæны. Йæ дæсныйадыл æнувыд уӕвгӕйӕ схъомыл кодта цалдӕр фæлтæры. Мæ царды стыр бынат ахсы дзырд «ГАЛУАН». Мæ алы фæзылд дæр баст у ацы дзырдимæ. Бирæвæрсыг нысаниуæг ын ис. 71-æм азæй 73-æм азмæ архайдтон йæ арæзтады куыстыты. Бæрнон хæс æвæрд ма мыл уыд дзæбæх коллектив ссарын. Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны бындурæвæрджытæй иу уыд Гуыцмæзты Аннæ. Алы дур дæр ын дзы зонгæ у. Бæрнон цæстæй каст, цæмæй арæзтад сырæзтаид. Хорз ма йæ хъуыды кæны Налцыкмæ стыр залæн бандæттæ æлхæнымæ куыд ацыд, уый. Архайдта, цæмæй алцыдæр уа аив æмæ æмхуызон ахорæнты. Уæлдай карз та уыд коллектив нысан кæнгæйæ. Уæд æй йæхицæн хъæддыхæй загъта, ам кæй уыдзысты, йæ куыст æгæронæй чи уарзы, ӕрмӕст ахæм адæм, сывæллæтты чи уарзы æмæ æмбары. Сæ алы хъуыддаджы дæр сæ фарсмæ чи æрбалæууа, уыдон. Рæдыдтæ дæр-иу уыд. Зæрдæхудт дæр-иу рауад. Кусæг-иу куы æрбацыд уæд-иу æм æркæсгæйæ ницы фау æрхастаис. Архайдта-иу бæрæггӕнæнтæ æххæст кæныныл, фæлæ мæнæн уый сæйраг дæр нæ уыд. Ахсджиагдæр æмæ фыццаджыдæр хъуамæ сабимæ кастаид: цӕмӕ хуыздӕр арæхсы, йæ курдиат ын æргом кодтаид. Æмæ ахæм фæткмæ гæсгæ фæкуыстон 60 азæй фылдæр. Ницæуыл фæсмон кæнын. Сылгоймаг ныр дæр стыр аргъ кæны йæ куыстæн. Æппынæдзух мысы сывæллæтты, семæ баст цаутæ арæх радзуры. Къорд тынг разæнгард уыд ахæм бæстыхай сы кæй арæзтой, уымæй. Æртæ коллективы. Фыццаг вокалон-инструменталон къорд. Разамынд ын лæвæрдта Александр Кумов. Уый галуанæн стыр хъомыс уыд. Ансамбль йæ размæ бирæ хæстæ сæвæрдта. Ахуыр кодтой алыхуызон музыкалон инструменттыл. Гуыцмæзты Аннæ йæ фидарæй зоны, педагог суæвыны размæ сывæллонæн хъуамæ уай хорз хæлар. Уый æнæмæнг хъуыддаг у. Фæлтæрдджын ахуыргæнæг йæ хъару æмæ йæ зонындзинæдтæ не 'вгъау кодта сабитæн. Раргом сын-иу кодта сæ курдиат. Йæ зæрдæйы фæлмæн ахастæй йæ алы хъомылгæнинаджы царды дæр ныууагъта рæссугъд фæд.   Йӕ равзæрд дæсныйадыл йæ зæрдæ никуы сивта. Сабиты сфæлдыстадыл ахуыр кæнын сси йæ царды стырдæр нысан. Суанг ма-иу хæдзары дæр ахуыртæ сарæзта. Гуыцмæзты Аннæмæ уый бæрц хорз миниуджытæ ис, йæ дæсныйад афтæ бæрзонд систа, æмæ йæ сывæллæттæн дæр æнæ уарзгæ нæ уыд. Цы хъуыддаджы-иу бацыд, уый-иу баххæст кодта бæстонæй. Цардмæ уарзондзинадæй хай кæны алкæмæн дæр. Чи йæ зоны, уыдон ын стыр аргъ кæнынц.

Иконка канала IRYSTONTV
1 468 подписчиков
12+
26 просмотров
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии