2024-æм азы ирон къæлиндарыл бакуыста Хæмыцаты Роман
Стыр комбæттæны фæстæ та дыццæджы уыдзæн рæмонбон — хоры бон, зæгъы Хæмыцаты Роман. Алы бæрæгбон дæр къæлиндары хъуамæ бæстонæй нысангонд æрцæуа. Сæйрагдæр у алы лыстæгдзинадмæ дæр æркæсын æмæ бæрæгбоны бон раст банымайын. Ацы хъуыддаджы рæдийæн нæй. Комахсæн – ирон чырыстæтты зымæгон циклы къæлиндарон бæрæгбæттæй иу, кодтой йæ стыр комдарæнты размæ. Комахсæн уыдис дыууæ хайæ, алы хайæн дæр уыдис хицæн ном. Къæлиндар у латинаг дзырд. Нысан кæны мæйы фыццаг бон. У рæстæг æмæ афонтæ амонæн. Баст у адæмы цардимæ. Уæлдайдæр та ирон адæймагæн. Уый стыр аргъ кæны ирон бæрæгбæттæн, нымайы зианы кæндты æгъдæуттæ. Уыдон хъуамæ адæймаг зона, уыимæ ма сæ нысаниуæг дæр. Ирон адæмы кадджындæр æмæ нымаддæр бæрæгбæттæй у Лæгты Дзуармæ кувæн бонтæ. Къæлиндары ныры онг нысангонд цыд куыд Джеорбгуыбайы мæй. Ирыстоны куырыхон хистæртæ йæм хъавынц ивддзинад баххæсын. Цæмæн, уый тыххæй нын Роман бæстон радзырдта. Хæмыцаты Роман райгуырд æмæ схъомыл Зилгæйы. Ирон бæрæгбæттæ æмæ æгъдæуттæ йæ цымыдис кодтой æрыгонæй фæстæмæ. Универститеты физикон-математикон факультет каст куы фæци, уæд райдыдта скъолайы кусын. Йæ дæсныйадæн снывонд кодта 30 азы. Йæ куысты дæр ирондзинад нæ рох клдта. Алкæддæр архайдта æрыгон фæлтæры æргом ирон æгъдæуттæ æмæ традицитæм раздахын. Хæмыцаты Роман ныртæккæ дæр лæггад кæны ирон адæмæн. Нæ æвгъау кæны йæ зонд æмæ хъару. "Иры стыр Ныхас"-ы уæнг, Рахизфарсы районы ирон æгъдæутты комитеты сæргълæууæг, уацхæссæг. Бантыстис ын ирон æгъдæутты цалдæр чиныджы рауадзын. Къæлиндарыл бакусын Хæмыцаты Романæн æхсæз азы размæ бабар кодтой Иры стыр ныхасы уæнгтæ. Бакусы йыл удуæлдайæ. Къæлиндар саив кæны ирд ахорæнтæй. Æнæмæнг националон фæзындтимæ. Архайы, цæмæй алкæмæндæр æнцонæбарæн уа. Ахсджиагдæр та уый у цæмæй фæлтæрæй фæлтæрмæ ирон адæмы æгъдæуттæ рæсугъдæй хæццæ кæной.