Ферогдæр кодтой пенсимæ уæлæмхасæн фиддонтæ нысан кæныны фæтк
Ферогдæр кодтой пенсимæ уæлæмхасæн фиддонтæ нысан кæныны фæтк
Уæрæсейы фенцондæр кодтой пенсимæ уæлæмхасæн хуызы дыууæ æфтиаджы исыны хъуыддаг. Тæккæ цæгатаг районты бакуысты стыр стаж кæмæн ис, стæй хъæууон хæдзарады къабазы чи фæфæллой кодта, уыдонæн сæ снысан кæндзысты автоматикон æгъдауæй. Сæрмагонд бадзырд бафыста Михаил Мишустин. Ахæм фæтк райдайдзæн кусын 2024-æм азæй. Ног домæнты руаджы цæрджыты нал хъæудзæн Социалон фонды территориалон оргæнтæм курдиæттæ дæттын. Пенситæ ногæй нымад кæй æрцӕудзысты, уый тыххæй адæмæн хъусын кæндзысты 3 кусгæ боны 'мгъуыдмæ паддзахадон лæггæдты порталы, кæнæ посты уылты. Уымæй уæлдай ма ахæм фæтк архайын райдадзæн 2026-æм азæй, хъæууон хæдзарады къабазы 30 азæй фылдæр чи фæфæллой кодта, уыдонæн. Ахæм æфтиæгтæ райсыны бар ис 500 дæсныйады минæвæрттæн - се 'хсæн агрономтæ, трактористтæ, хъæууон хæдзарады сæрмагонд хæдтулгæты слесыртæ, стæй мыдгуыстгæнджытæ.