Уæрæсейы мидхъуыддæгты министрады экспертон-криминалистон дæлхайæдты кусджытæ бæрæг кæнынц профессио
Сæрмагонд камерæйы руаджы Влад Ярошенко рæмудзæн æрмæг скусын нæ бауагъта. Вакумон аппарат сбæрæг кæны гранатæйы æмæ сармадзанты нæмгуыты æмæхсты хъомыс. Ацы кусæнгарзæн æмбал нæй, республикæйы у иунæг, пайда кæнын дзы райдыдтой цыппар азы размæ. Влад Ярошенко аразы рæмудзæн-техникон экспертизæтæ. Ацы дæсныйады ис 28 азы. Нæлгоймаг куыд зæгъы, афтæмæй ацы куыст сæ æнцондæртæй нæу. Æрвылбон эксперттæ-криминалистты къордимæ ацæуы фыдракæнды бынатмæ, архайы уæззау цауты фæдагуырды, бауромы тæссаг фæрæзты куыст. Цæгат Ирыстон ацы къабазы раззагдæрты 'хсæн ис. Нæ специалисттæм æххуысагур фæсидынц нæ бæстæйы иннæ регионтæй дæр. Мидхъуыддæгты министрады эксперттæ-криминалисттæ кусынц алы къабæзты. Æрвылбон архайынц дæсгай иртæстыты. Цы азымдзæгтæ æмæ æрмæг ссарынц, уыдон арвитынц ДНК лабораторимæ. Ацы кадрты специалист фыдракæнды бынаты цы кард ссардтой, ууыл агуры биологон фæднысæнттæ. Иртæстыты фондз къæпхæны фæстæ æппæт хатдзæгтæ дæр – цæттæ. Нырыккон системæйы руаджы специалисттæ раиртасынц удгоймаджы генетикон хуыз æмæ йæ баххæсынц бæрæггæнæнты иумæйаг хыгъдмæ. Биологон фæрæзтæм гæсгæ раиртасынц цауы архайджыты. Сæ нымæц æмæ, фыдракæндмæ цы бар дарынц, уый. Специалистты ныхæстæм гæсгæ, æнæфауд фыдракæнд нæ вæййы - фæдтæ алкæддæр ныууадзынц. Æрмæст хъæуы се ссарыныл гыццыл бацархайын. Цæгат Ирыстоны тæрхондоны экспертизæты 51 хуызæй кæнынц 39. Æрмæст ивгъуыд азмæ кусджытæ скодтой мингай иртæстытæ. Эксперттæ-криминалисттæ тасмитыл ахуыр сты. Уыдон фыццаг сæмбæлынц цауы бынатмæ. Æмткæй, уыдонæй аразгæ у фыдракæнд куыд тагъд раргом кæндзысты, уый. Эксперттæ-криминалистты бон ныридæгæн бæрæг кæнынц 105 азы. 1-æм мартъийы 1919 азы фæзынд тæрхондоны экспертизæйы фыццаг барæнуат.