Дзæуджыхъæуы физикон-математикон лицей-интернаты рауагъдонтæ фембæлдысты 40 азы фæстæ

Скъолайы бонтæ канд æрымысын нæ. 40 азы размæ цы лæппутæ æмæ чызджытæ ахуыр кодтой иумæ, уыдоны æрæмбырд сты сæ уарзон скъолайы. Семæ сæ ахуыргæнджытæ дæр. Афтæмæй абалц кодтой 80-æм азтæм æмæ сæ зæрдыл æрлæууын кодтой сæ сабибонтæ, уроктæ æмæ цымыдисаг цаутæ.  Ацы цардуарзон адæмы сæ фембæлд рестораны кæнын нæ бафæндыд, раздӕрау сæ фæндаг скъолайыл ракодтой. Ацы бæстыхай сын хорз хъуыды кæны сæ алы æнкъарæн дæр, сæ худын, сæ хъæлдзæг цаутæ æмæ æнтыстдзинæдтæ. Ацы къæсæрæй бахизгæйæ, цыма уæнгрогдæр фесты, афтæ сæм кæсы. Сæ цæстытыл уайынц сæ æнæмæт сабибонтæ. Уæды гыццыл лæппуты æмæ чызджыты хъысмæт сбаста хæлардзинадæй, ӕмӕ, рæстæг куыд цӕуы, афтӕ кæны хъæддыхдæр. Скъолайы къæсæрæй куы æрбахызттæн, уæд цыма аргъуанмæ æрбакъахдзæф кодтон. Зæрдæ æхсызгон æнкъарæнтæй айдзаг. Нæ ахуыргæнджытæ нæ иу арæх кодтой алы бынæттæм. Æрдзы хъæбысмæ. Суанг ма нæ-иу иннæ регионтæм дæр аластой. Каникулты дæр-иу иумæ уыдыстæм. Куыд рабæрæг, афтæмæй иумæйаг фембæлд саразын зын хъуыддаг нæу. Кæрæдзийы уынын дæм цæуа, æндæр дард ранæй , дæр схæццæ уыдзынæ. 40 азы рацыд скъола каст куы фесты уæдæй, фæлæ та ныр дæр фæрсæй-фӕрстӕм æрлæууыдсты 18-аздзыд æвзонг фæсивæдау. Рагæй кæмæ æнхъæлмæ кастысты, уыцы фембæлды фæдыл кæддæры рауагъдонтæн балæвар кодтой сæрмагонд нысæнттæ дæр. Ацы скъолайы кæдæй кусын, уæдӕй нырмӕ уæлдай тынгдæр бахъуыды кодтон 1975-æм æмæ 1983 азты рауагъдонты. Иннæтæй хицæн кæнынц сæ хæлардзинадæй. Нæ рох кæнынц сæ уарзон скъола. Ахуыргæнджытæн аргъ кæнынц. Кæд алы горæтты цæрынц, уæддæр сты кæрæдзиуыл æнувыд. Мæнæн та мæ раздæры ахуырдзаутæ систы мæ хæлæрттæ.  Фæстæдæр та физкультурæйы урок. Иуæй иннæ сæрæндæр, афтæмæй спортивон залы астæу атымбыл сты. Раст цыма бирæ азтæ дæр нæ рацыд, афтæ уæнгрогæй змæлынц. Сæ цины æнкъарæнтæн та кæрон нæй. Æрбайрох сæ сты æрвылбоны хъуыддæгтæ. Æрмæстдæр иу нысан - кæрæдзийыл фæцин кæнын æмæ хи амондджынæй банкъарын. Мах рæстæг дыууӕ къласы уыдис – 10-æм «а» æмæ 10-æм «б». Арæх-иу сарæзтам спортивон ерыстæ. Мах математикæйæ хорз ахуыр кодтам, уымæ гæсгæ нæ се 'ппæт нæ уарзтой. Волейболæй ерысты нæ къласы чызджытæ дæр нæ ныхмæ уыдысты. Мах рамбылдтам æмæ цы командæ фæхæрд, уый нын фынг сцæттæ кодта. Иумæ хъæлдзæгæй нæ рæстæг арвыстам. Дарддæр æмкъласонтæ сæ зонындзинæдтæ сбæрæг кодтой географийæ. Æмæ та ам дæр лæгъстæ кæнын никæмæн бахъуыд. Се 'ппæты дæр фæндыд дзуапп раттын, уыимæ ма скъолайы раздæры директор Владимир Старченко цы урок амыдта, уым. Ацы хатт урок æнцондæр фæткмæ гæсгæ ацыд. Хæдзармæ куыст дæр сын нæ радтой. Алы скъоладзау дæр дзы архайы раст дзуапп раттын, цæмæй хорз бæрæггæнæн райса. 6 азы лæвæрдтон географи. Уый фæстæ 20 азы бакуыстон ам директорæй. Уырысы регионтæм дæр ацыдтæн куыстмæ, фæлæ ацы къласæй хæлардæр æз нырма нæ федтон. 40 азы рацыд скъола каст куы фесты уæдæй, фæлæ уæддæр сæ хæлардзинад нæ мынæг кæны. Ацы æмкъласонтæ сты æцæг хæлардзинады дæнцæг. Сæ хорз ахастдзинад цæрæнбонты куыд хæссынц, уымæн дзуапп не ссардтой. Сæрмагонд амынддзинæдтæ нæй кæрæдзийы уарзын æмæ аргъ кæнынæн. Æппæт æнкъарæнтæ дæр цæуынц зæрдæйы рæбынæй.

Иконка канала IRYSTONTV
1 504 подписчика
12+
32 просмотра
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии