Цæгат Ирыстоны кæронмæ фæхæццæ кæны спаржæ æмбырд кæныны рæстæг
Цæгат Ирыстоны кæронмæ фæхæццæ кæны спаржæ æмбырд кæныны рæстæг
Фæлæ спаржæйы талатæн æрмæст рæсугъддзинадæй нæу аргъгæнгæ. Дыууæ азы фæстæ сæ рауайдзæн 400 килограммы æнæниздзинадæн пайдахæссæг ӕмӕ хæрынæнбæзгæ зайæгойтæ. Спаржæ калориджын нæу, пайда у цæстытæ, игæр, ахсæн æмæ тъæнгтæн. Афтæмæй, пайда хæссы куыд зæхкусджытæн, афтæ ӕлхӕнджытӕн дæр. Таладонæй сæ плантацимæ раивдзысты фæззæджы. Фыццаг 12 гектары «Долина спаржи»-йы куы ныссагътой, уæд алкæмæ дæр æнæрхъуыды мийы хуызæн каст. Уæд Уæрæсейы хуссарварс ахæм куыст ничи ма кодта. Фæлæ 5 азы рацыд ӕмӕ плантацийы фæзуат апарахат 55 гектары онг. Æмæ кæд 2019-æм азы экспортмæ 800 килограммы ацыд, уæд абон ныхас цæуы тоннæтыл. Нæ спаржæ уæйгонд цæуы æгас Уæрæсейы, фæлæ бынæттон базары хиаргъæй фылдæр нæ кæны. Спаржæ йæхимæ бирæ зылд нæ домы, фæлæ йæ тыллæг апрелæй июны онг къухæй æмбырдгæнгæ у, уымæн сæрмагонд машинæтæ нæй. Бæстæйы дуканиты тæрхæджытæм Цæгат Ирыстонæй аласдзысты дыууæ сорты. Цъæх дæр, æмæ фиолетхуыз дæр дарӕн ис æрмæст 30 боны. Уымæн æмæ æнæ химийæ сты. Рагацауы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, ацы аз экологон æгъдауæй сыгъдæг зайæгойы бæрц уыдзæн 200 тоннæйы бæрц. Хӕрынмӕ бӕззы, ӕрӕджы чи схӕцыд зӕххӕй, уыцы спаржӕ. Хъуамӕ 23 сантиметрӕй даргъдӕр ма уа, йӕ къуыбӕрттӕ та ма рахӕцой ӕмӕ ма ныхъхъӕбӕр уой. Спаржæйæн ис куыд хицӕнӕй сфыцæн, афтæ хъæрмхуыпмæ бафтауæн дæр. Уæдæ хомæй хæрынæн дӕр бæззы. Таладонæй талатæ аласдзысты уæй кæнынмæ, цæмæй бæстæйы зæхкусджытæ райдайой нӕхи, цæгатирыстойнаг, спаржæ зайын кæнын, Голланди æмæ Китайæ æрбаласæггаджы бæсты.