Раздзоджы цæрджытæ сбæрæг кодтой сæ хъæуы 185 азы юбилей

Хъæд æмæ хæхтæ Раздзог æрбахъæбыс кодтой, раст цыма йæ æрдз йæ хъæбысы æмбæхсы, уыййау. Историон бæрæггæнæнтæм гæсгæ, ам 10-11 æнусты цардысты алантæ. 1839 азы Арыхъхъы рагъмæ ’ввахс зæххытæ радтой Тæгиаты æхсæнады æлдæрттæй иу Къуындыхаты Алхастæн, йæ фырттæ Хъасполат, Муссæ æмæ Ибрагим Уæрæсейы æфсадæн удуæлдайæ кæй лæггад кодтой, уый тыххæй. Ардæм семæ ралыгъдысты Тхостатæ, Есенатæ, Æлдаттатæ, Хъаныхъуатæ, Мамсыратæ æмæ æндæр мыггæгтæ. Ам Муссæ сæвæрдта бындур хъæу Скъуыд-къохæн. Фæлæ йæ цæрджыты фылдæр хай 1860 азты зæхкусджыты реформæйы фæстæ Туркмæ алыгъдысты. 1887 азы ацы зæххытæ систы Ирон зылды хицау Александр Эглауы. Кубаны облæстæй æркодта немыцаг колонистты 14 бинонты. Хъæуы ном раивтой, схуыдтой йæ Эммаус. Фæлæ немыцæгты дæр ацы бынат ныууадзын бахъуыд. Æрцардысты Гнаденбургы - ныры Виноградное хъæуы. 1907 азы хуыздӕр цард агурæг ардæм æрцыдысты куырттатæгтæ Дæллагхъæу, Гуысыра, Дзуарыхъæу, Дзывгъис, Бæрзыхъæу, Хæрисджын, Хидыхъус, Цымыти, Уырыхъæу æмæ Санибайæ. Хъæусоветы фыццаг сæрдар уыд Сокаты Дзыццыл. 1941 азы хъæуæн радтой ирон ном - Раздзог. Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ ардыгæй ацыд æртæфондзæссæдзы бæрц адæймаджы, цыппарæссæдзæй фылдæр сæ фæстæмæ нал æрыздæхт. Райгуырæн бæстæ хъæуы фæсивæд хъахъхъæнынц абон дæр. Хæстонты ныййарджытæ уыдысты мадзалы кадджын уазджытæ. Арфæйы гæххæттытæ сын радта Рахизфарсы районы муниципалон сконды сæргълæууæг Фрайты Сослан. Уæдæ гуманитарон æххуыс æрвитыны хъуыддаджы дæр иуварс нæ лæууынц. Сæ фарсмæ кæддæриддæр сты районы сылгоймæгты советы уæнгтæ. Республикæйы Парламенты номæй кады гæххæттытæ райстой хъæуы администрацийы раздæры æмæ ныры сæргълæуджытæ. Район йæ фæллойы ветерантæй дæр сæрыстыр у. Бузныджы фыстæджытæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ радтой æнæниздзинад хъахъхъæнынад æмæ ахуырадæн йæ цард чи снывонд кодта, уыцы сылгоймæгтæн. Абон хъæуы ис 525 цæрæджы, 147 хæдзары. Скъуыд-къохы 1842 азы Къуындыхаты Муссæ цы мæсыг самадта, уым скъола дæр уыд. Мæсыг абоны онг нæ фæлæууыд, фæлæ Раздзоджы нырыккон домæнтæн дзуапдæттæг скъола ис. Хъæуы æппæты хистæр цæрæг фæсфронты кадджын фæллойгæнæг Гусаты Венерæйыл цæуы 93 азы, æппæты кæстæр Хъæцмæзты Астаныл — афæдз. Дæ хистæртæ — зондамонæг, кæстæртæ — æгъдаухæссæг, афтæмæй бирæ æнусты сæрты ахиз, Раздзог.

Иконка канала IRYSTONTV
1 459 подписчиков
12+
24 просмотра
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии