Беслæны 5-æм скъола бындуронтæй цалцæг кæнынц

Беслæны 5-æм скъолайы фыццаг урок куы ацыд, уæдæй нырмæ рацыд æнусы æрдæджы бæрц. Æмæ уал азмæ бындуронæй цалцæггонд никуы уыд. Куыстытæм, "Ахуырады райрæзты" паддзахадон программæмæ гæсгæ, бавнæлдтой фарон майы. Объект раттынвæнд кæнынц 20 августмӕ. Скъола сног кодтой æнæхъæнæй. Байсæрстой къултæ, байтытдтой пъол, сæвæрдтой ног рудзгуытæ. Уæдæ æдасдзинады домæнтыл дæр бæстонæй бакуыстой: рӕстӕг дзӕнгӕрӕг дæттæн æмæ уæлдæфсыгъдæггæнæн гæрзтæ иууылдæр раивтой. Алы уæладзыгыл дæр зынгвидар дуæрттæ. Æппæт æууæлтæн дæр дзуапп лæвæрдтой дизайнертæ. Ивд æрцыдысты æппæт хызæгтæ дæр. Дондзæуæн хæтæлтæ æмæ электрон телтæ — ног. Алы кабинеты дæр сæвæрдтой нывæвдисæн. Æртæуæладзыгон бæстыхайы къултæ иууылдæр байсæрстой æмæ сахуырстой, дыккаг æмæ æртыккаг уæладзгуыты пъолты уæлцъар раивтой. Санитарон агъуыстытæм дæр базылдысты. Раздæр Беслæны 5-æм скъолайы ахуыр кодта 800 сывæллоны бæрц, ныр та сты 360. Хъармгæнæнтæ дзы нæ куыстой æмæ-иу сабиты уазал бацыд. Уый тыххæй сæ ныййарджытæ кодтой æндæр скъолатæм. Ахуыргæнæндоны разамынды уæнгтæ зæрдæ дарынц, егъау рацарæзты фæстæ скъоладзауты нымæц кæй фæфылдæр уыдзæн. Уымæн æмæ хорз ахуыр райсынæн ныр ам æппæт уавæртæ дæр уыдзæн.

Иконка канала IRYSTONTV
1 504 подписчика
12+
31 просмотр
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии