Дзæуджыхъæуы 4-æм гимназыл сæххæст 120 азы
Ацы къултæ бирæ цаутæн сты æвдисæн, ныр æнусæй фылдæр хъахъхъæнынц ахуыргæнæндоны истори. Фыццаг хæлæртты, ахуыргæнджыты. Скъола æрмæст зонындзинæдты куырдадз нæу. Ам æрыгон адæмæн райдайынц царды сæ фыццаг къахдзæвтæ. Ахуыргæнæг Хуыгаты Людмилæ хъæддыхæй зоны, фыццаджыдæр сабиты хæлардзинады фæндагыл сæвæрын кæй хъæуы. Зонындзинæдтæ райсынæн дæр къаддæр нысаниуæг нæй, фæлæ ахсджиагдæр у, нæ алыварс чи ис, уыдоны уарзын æмæ нымайын. 40 азмæ рауагъта цалдæр фæлтæры. Ныр йæ уарзон 4-æм гимназыл æххæст кæны 120 азы. Алы лыстæгдзинад дæр хорз хъуыды кæны. Ацы бон бæрæг кæнынц афæдзы дæргъы, зæгъы скъолайы директор Цуциты Сослан. Аразынц алыхуызон мадзæлттæ, сывæллæттæн дзурынц ахуырадон уагдоны историйы тыххæй. Цымыдисаг та куыд нӕ у. Дзæуджыхъæуы 1903-æм азы сарæзтой фыццаг кусæг иукъласон училищæ, фæстæдæр сси гимназ. Æмæ ныр ам, сывæллæтты алывæрсыг райрæзтæн аразынц æппæт уавæртæ дæр. Скъолайы ис 3 кадетон къласы, сæрмагондæй ма дзы цæттæ кæнынц къласы разамонджыты, фидæны ахуыргæнджыты æмæ психологты. Сывæллæттæн амонынц националон æмæ нырыккон кæфтытæ. Ис ма дзы спортивон секцитæ, сфæлдыстадон студитæ. Сывæллæттæ æппæт гæнæнтæй дæр зæрдиагæй пайда кæнынц. Алчидæр сæ уарзы йæ ахуыргæнæндон. Ирон театры сæйраг залы бадынц гимназы педагогтæ, ахуырдзаутæ æмæ рауагъдонтæ. 120 азы бон бæрæг кæнынц парахатæй. Сценæйыл аив кæфтыты ансамбльтæ, раззагдæр артисттæ. Сæйрагдæр та – скъолайы рауагъдонтæ. Æхсызгонæй æрхъуыды кодтой скъолайы бонтæ. Арæх-иу уарзтам урокты фæстæ скъолайы баззайын, зæгъы Куындыхаты Алыксандр. Гимназы кусджытæн раарфæ кодта администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав дæр. Схорзæхджын кодта педагогты, фæнысан кодта, скъола бирæ курдиатджын фæлтæртæ кæй рауагъта. Уыимæ ма материалон-техникон бындур фæхуыздæр кæнынмæ гимназæн балæвар кодта 300 мин сомæн сертификат. Бæрæгбоны изæр рауад цымыдисаг æмæ хъæздыг. Ахуыргæнджытæ зæрдиагæй цин кодтой сæ раздæры рауагъдонтыл. Уыдон та сын дзырдтой бузныджы ныхæстæ. Ахæм мадзæлттæ æнæмæнг адæмы кæрæдзиуыл бæттынц.