Хъалæгаты Таймураз йæ стырдæр ныфсыл нымайы йæ бинонты
Хъалæгаты Ацæмæзæн агъуысты пуртийæ ахъазынæй адджындæр ницы вæййы. Дæсаздзыд лæппу ныридæгæн зоны æппæт номдзыд футболистты дæр, сæ хицæндзинæдтæ æмæ цæмæй зындгонд сты, уый. Чысыл спортсмен сæрбæрзондæй йæ фыдæн райдайы æвдисын ногæй цы базыдта, уый. Ацæмæз æй æвæццæгæн, æмæ йæхæдæг дæр хорз не 'мбары, йæ хъазты руаджы йæ фыды кæй разæнгард кæны. Хæдзары хицау Хъалæгаты Таймуразæн йæ цард цæхгæр фæивта афæдзы 'рдæгы размæ. Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг радон хæс æххæст кæнгæйæ, тохы быдыры астæу, уæззау цæф фæцис. Цы йыл æрцыд уый æмбаркæ дæр нæ бакодта. Æфсæддон операцимæ нæлгоймагмæ фæсидтысты мобилизацийы рæстæг. Куыд нын радзырдта, афтæмæй дызæрдыг ницæуыл кодта. Абон, афтæ зæгъæн ис, æмæ Таймураз ахуыр кæны ногæй цæрын. Ныфс та йын сты йæ бинойнаг Элитæ æмæ йæ æртæ хъæбулы. Æппæт зындзинæдты сæрты хизынц иумæ. Дыууæ æмкъайы зонгæ уыдысты сабиæйæ фæстæмæ. Иумæ хъомыл кодтой. Сыхæгтæ куыд хистæр кодтой, афтæ се 'хсæн уарзондзинад дæр фидардæр уыд. Сæ цард баиу кодтой 24 азы размæ. Бинонты ахастдзинæдты сæйрагдæрыл нымайынц æмбаргæдзинад. Кæстæрты раст фæндагыл æвæрын, ахуыр сæ кæнын æгъауыл, дæттын сын зонындзинæдтæ, уарзын сын кæнын Фыдыбæстæ æмæ мадæлон æвзаг. Хъалæгатæ сæ цотæн хорздзинад архайынц хи дæнцæгæй æвдисын. Сæ хистæр чызг кусы Алайнаг гимназы, кæстæр чызг ахуыр кæны Цæгат Кавказы хъæды хæдзарады техникумы, лæппу та цæуы скъоламæ. Хъалæгаты Таймураз æмæ Элитæ ницæуыл фæсмон кæнынц. Дарддæр æвæрынц нысæнттæ æмæ сæм иумæ тырнынц. Уæвгæ, сæ традицитæй иу — æппæт бæрæгбæттæ дæр иумæ, æнгомæй æрвитын. Афтæ сæмбæлдзысты бинонты, уарзондзинады æмæ иузæрдиондзинады боныл дæр.