Хореографы æппæтадæмон бон
Ацы равдыстмæ аивадуарзджытæ билеттæ рагацау райдыдтой исын. Уый тыххæй æмæ йæ рагагъоммæ зыдтой, æнæмæнг ирд æмæ зæрдæмæдзæугæ, кæй уыдзæн, уый. Театрдзаутæ балет «Фатимæ»-мæ æнхъæлмæ кастысты дæсгай азтæ. Æмæ ныр ахсджиаг бæллиц куы сæххæст, уæд æмвæзад ноджы уæлдæр кæнын хъæуы. Монон райдиан, сылгоймаг, нæлгоймаг æмæ сывæллон куыд цавæрдæр ногдзинады ратæдзæн. Аивадуарзджытæ сыл ахъуыды кæндзысты «Солярис» равдысты руаджы. Репетицитæ райдыдтой ног азы каникулты фæстæ. Солярисы мидис адæймагмæ фæхæццæ кæнынæн алыхуызон костюмтæ нæ хъæуы. Уæвгæ, æмткæй райсгæйæ дæр, нырыккон балеты уæлæдарæс æмæ декорацитæн ахæм стыр нысаниуæг нæй, раздæр куыд уыд, атфæ. Æнкъарæнтæ хъуамæ æвдыст цæуой цæсгомæй. Раст куыд хуымæтæг театры, афтæ. Æрмæст мимикæйы руаджы хъæздыгдæр кæны кафт дæр, æмбарын кæны Суанты Валерий. Бирæ æнтыстджын премьерæты автор. Йе сфæлдыстадон фæндаг райдыдта театр «Арвайдæн»-æй, дарддæр — фæсивæдон театр «Шанс». ГИТИС каст куы фæцис, уæд специалист сыздæхт Ирыстонмæ. Йæ авторон проекттæ иу æмæ дыууæ хатты нæ разындысты хуыздæртæ егъау уæрæсеон æмæ æппæтдунеон фестивальты. Зæгъæм, «Парфюмер»-ы премьерæмæ бахауын уыд диссаг. Билеттæ уайтагъд ӕлхӕд ӕрцыдысты 5 бонмæ. Æппæт дунейы зындгонд сфæлдыстадмæ гæсгæ спектакль цæттæ кодтой æртæ азы. Æмæ сын æнтысгæ дæр бакодта. Уæлдай зын та уыд сæйраг рольты чи хъазыд, уыдонæн. Абон сæйраг нысан, раздӕрау, у — æрыгон курдиæттæн сæ фæндаг ссарынæн æххуыс кæнын. Саразын сын æппæт уавæртæ дæр сæ райрæзтæн. Хореографы куысты та сæйрагдæр у сразæнгард уæвын. Разæй ног проекттæ. Сæйраг нысан — алы ног спектаклыл дæр афтæ бакусын, цӕмӕй аивадыуарзджыты зæрдæтæм фæндаг ссара. Цавæрдæр ногдзинад бахæссын, адæмы зæрдæты гуырын кæнын æнахуыр æнкъарæнтæ. Уый у хореграфы сæйраг нысан. Æвæццæн сын уый тыххæй ис хицæн бæрæгбон дæр.