Алагиры бындурон цалцæджы фæстæ байгом Садоны зды æмæ цинчы комбинаты музей
Ацы дзаумæтты-иу æрзæткъахджытæ ныххызтысты зæххы бынмæ. Сты алыхуызон. Иутæ дзы сты бæрæзентæй конд, иннæтыл ис резинæ хуыд. Ацы дзаумæттæ хъахъхъæнынц дон, рыг æмæ цæфтæй. Сæ фарсмæ каскæтæ. Уыдон дæр сты цалдæр хуызы. Садоны зды æмæ цинчы комбинаты музейы ис сæдæгай экспонаттӕ. Се 'хсæн - гæххæттытæ, къамтæ, уæлæдарæс æмæ, заводы кусджыты царды цы дзауматæ хъуыд, ахæмтæ. Уыдонмæ гæсгæ æрзæткъахджыты цард, сæ куыст æмæ ма суанг сæ цæсгæмттæ дæр цæстытыл уайынц. Алы дзаумайæн дæр ис йæхи истори. Экспонатты 'руаджы музейы уазджытæн сæ бон бамбарын у, куыд бирæ тухӕн æмæ фæллой фæкодтой уæды заманы адæм Ирыстоны промышленность сырæзын кæныныл. Абон музеймæ бирæ сывæллæттæ æрбацыд. Цымыдисæй кæсынц къамтæм, дзаумæттæм æмæ сæхицæн уæды цард сæ хъуыдыты ныв кæнынц. Равдысты предметтæ та сæ дисы æфтауынц. Фенæн дзы ис, зæгъæм, æрзæт-иу зæххы бынæй уæлæмæ куыд ластой, ахæм макет. 21-æм майы 1853-æм азы байгом Садоны æрзæткъахæн æмæ Алагиры æвзист æмæ здыйы завод. Уыдон уыдысты Садоны полиметаллон æрзæты гуырæн бынаты. Музей та сæвзæрд 2004-æм азы комбинаты 150 азмæ. Ныртæккæ комплекс ногæй йæ дуæрттæ байгом кодта бындурон цалцæджы фæстæ. Куыстытæ цыдысты дыууæ къæпхæнæй 2022-æм æмæ 2023-æм азты. Æмткæй райсгæйæ, цалцæгыл схардз кодтой 17 милуан сомы. Бæстыхай гом кæныны кадджын мадзалы бацархайдта нæ республикæйы культурæйы министр Фидараты Сослан дæр. Алагиры цæрджытæн музей ногæй кæй байгом, уый у тынг вазыгджын. Канд йæ хуыз ын не сног кодтой, фæлæ ма йæ сифтонг кодтой, цы кусæнгарз хъуаг уыд, уымæй. Фæзынд дзы информацион табло. Æвдыст ыл цæуы уæды цауты хроникæ. Экскурсоводтæ та ма бæлвырддæр радзурынц алы дзаумайы тыххæй дæр.