Дзæуджыхъæуы Электроникæйы колледжы ацыд фестиваль «По следам нартов»

2 тыс. подписчиков

12+
12+

72 просмотра

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

Дзæуджыхъæуы Электроникæйы колледжы ацыд фестиваль «По следам нартов»

2 тыс. подписчиков

12+
12+

72 просмотра

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

72 просмотра

3 года назад

Нæ республикæйы ирон Нартиадæйы азы фæлгæты дарддæр аразынц Нарты кадджытимæ баст мадзæлттæ. Дзæуджыхъæуы электроникæйы колледж дæр фæстейы нæ баззад. Абон дзы сарæзтой фестиваль «По следам Нартов», зæгъгæ. Фæсивæд сæ зонындзинæдтæ нæ республикæйы истори æмæ культурæйæ фæлтæрдтой интеллектуалон хъазты. Уымæй уæлдай ма дзы Нарты Кадджыты тыххæй сарæзтой квест. Ацы хъазт хуыйны «Нарты фæткъуы». Фыццаг уал ерысты архайджытæ араст сты уазæгуаты Лæгты Дзуармæ - нæлгоймæгтæ, бæлццæттæ, хæстонтыл аудæг бардуаг. Иу ахæм фынг дæр нæй æмæ дзы ирон адæм Лæгты Дзуары ном ма ссарой, сæхи йыл ма бафæдзæхсой. Фæлæ ам архайджыты æнæмæнг зонын хъæуы, фыццаг æртæ куывды кæцытæ вæййынц, уый. Дарддæр ног фарст: «Батрадз куы амард, уæд ыл Хуыцау æрæппæрста æртæ цæстысыджы. Афтæмæй равзæрдысты æртæ кувæндоны...». Ацы хæслæвæрд сæххæст кæнын къухы бафтыд, командæ дамгъæ райста æмæ даррдæр атындзыдтой. 12 пункты цы дамгъæтæ æрæмбырд кæной, уыдонæй хъæуы дзырд саразын. Уый къухы бафтыд Электроникæйы колледжы студенттæн. Æдæппæтæй ерысты архайы астæуккаг профессионалон ахуырады уагдæттæй 11 командæйы. Ссыдысты Елхот æмæ Мæздæгæй дæр. Фæсивæды дыккаг фысым - Уацилла. Уым сæ хъуыди нартхор æрыссын. Уый фæстæ сæ суазæг кодта Æфсати. Нарт иу фат æмæ 'рдынæй хъазынхъом куы фесты, уæд иу рацыдысты уынгмæ, фатæрдынæй хъазгæ. Ам æвзæрстой рæстдзæвин фæсивæды. Дарддæр Фæлвæрайы, йæ фæстæ Куырдалæгоны хæслæвæрдтæ. Галæгон фæсивæдæн бацæттæ кодта дзырдбыд. Æмæ æрмæст уый нæ... Дондунейы паддзах Донбеттыр та архайджыты бафарста Тугъанты Махарбеджы нывты тыххæй. Дарддæр - сæрмагонд хæслæвæрд. Сафа архайджытæм æхсидав радта æмæ дзы арт хъуамæ скодтаиккой. Тутыры та хъултæй хъазгæйæ рамбулын хъуыди. Барастыр ерысдзауты уынгæг къахвæндагыл ацæуын кодта æхгæд цæстытимæ. Балцæгæй дарддæр дур фехсын хъуыди, Сатанайыл та - зондæй фæтых уæвын. Æмæ уый æнцон нæу. 12-æм фысым уыд Аларды. Алы командæйы дæр - 10 адæймаджы. Æмæ сæ цалынмæ 5 «Нарты фæткъуы» рамбулыныл ерыс кодтой, уæдмæ иннæ 5 архайдтой интеллектуалон хъазты – «Цы? Кæм? Кæд?», зæгъгæ. Нарты кадджытимæ баст 25 фарстæн фылдæр раст дзуæппытæ чи радта, уый рамбулдзæн. Ам хуыздæртæ разындысты Æрыдоны командæйы архайджытæ. Ам, бынаты, уыд чингуыты равдыст дæр. Эпосы фæдыл цыдæриддæр зындгонд кустытæ фыст æрцыди, уыдон иууылдæр æвдыст æрцыдысты. Алкæй бон дæр уыд рафæлдахын чиныг æмæ семæ базонгæ уæвын. Фестивалы агъоммæ Электроникæйы колледжы егъау цæттæгæнæн куыст бакодтой. Мадзал сарæзтой республикæйы Ахуырад æмæ наукæйы министрадимæ иумæ. Æппæтæй æхсызгондæр хабар та уый у, æмæ Электроникæйы колледжы ахуыргæнæг Томайты Светланæ бакуыста Нарты кадджыты æмæ фольклоры æрмæгмæ гæсгæ кусæн тетрадыл. Абон ын йæ эксперименталон вариант рахаста ирон æвзаджы ахуыргæнджытæ æмæ зонадон кусджыты размæ. Радзырдта, программæ куыд æмæ цæмæ гæсгæ арæзта, уый. Ис дзы бирæ алыхуызон цымыдис хæслæвæрдтæ. Зæгъæм, дзырдтæ ратæлмац кæнын уырыссагæй ирон æвзагмæ, кæнæ та наукон уацтыл бакусын - уацæй пайдагæнгæйæ, баххæст кæнын, тексты цы нæ фаг кæны, уыцы хæйттæ. Кусæн тетрад у нывджын, ирд. Ахуырдзау йæхæдæг цæуыл бакуса, ахæм æрмæг дзы бирæ ис. Æмбырды архайджытæ йæм иумæйагæй æркастысты, загътой сæ фиппаинæгтæ. Зонадон кусджытæ кусæн тетрадæн скодтой тынг бæрзонд аргъ, æнæмæнг хъæугæ æрмæг кæй у, уый фæнысан кодтой. Фиппаинæгтæм гæсгæ ма йыл автор бакусдзæн æмæ хъуамæ чиныджы хуызы рацæуа -ахуырадон æрмæгæн куыд бæзза, афтæ. Зæрдиагæй йæм æнхъæлмæ кæсдзыстæм. Дзæдзойты Фатимæ

, чтобы оставлять комментарии