Моргуаты-Бæтæгаты Тамарæйыл сæххæст 101 азы
Æмæ куыд нæ сæмбырд уой æгас хъæубæстæ? Зилгæйы хъæуы куырыхон хистæр, уарзон сыхаг, зондамонæг Моргуаты-Бæтæгаты Тамарæйыл сæххæст 101 азы. Кæддæридæр хъæлдзæг, цардуарзон æмæ хæларзæрдæ. Цæстуарзонæй алы адæймаджы фарсмæ дæр балæууы. Тамарæ райгуырд æмæ схъомыл Зилгæйы, йæ ныййарджытæн уыд иунæг сывæллон. Буцхаст. Фæстæдæр йæ цард хуымæтæг кæд нæ рауад, уæддæр йæ ныфс нæ асаст. Æвзонг чызг хæсты цаутæ хорз хъуыды кæны, уыцы рæстæджы уæззау уаргъ йæхиуыл хорз банкъардта. Уæд Тамарæ йæ хæларимæ сфæнд кодтой цæфты госпитальмæ хæссын, фæлæ сæ хистæртæ нæ уагътой. Чызджытæ удуæлдайæ архайдтой баххуыс кæныныл. Хæсты цаутæ йын йæ зæрдæйы арф фæд ныууагътой. Схъомыл фæллойуарзаг æмæ рæстудæй. Хорз чызг, хъæуæй дард нæ цæуы, фæзæгъынц. Тамарæ йæ амонд ссардта йæ райгуырæн Зилгæйы. Бакуывта Бæтæгаты хæдзармæ. Хъыгагæн, раджы баззад идæдзæй. Иунæгæй схъомыл кодта йæ чызджы, сæвæрдта йæ раст фæндагыл. Тамарæ бирæ азты бакуыста кондадон куыстуаты, уыд раззагдæртимæ. Скъолайы ногдзауты разамонæгæй кæстæрты æвæрдта раст фæндагыл. Йæхæдæг нын куыд радзыдта, афтæмæй сывæллæтты бирæ уарзы. Алкæддæр архайдта сæ хъомыладыл. Æмхиц сæ кодта ирон æгъдæуттæ æмæ культурæмæ. Абон Тамарæ кæд йæ æнусы сæрты акаст, уæддæр у сæрæн. Уарзы цард. Йæ фарсмæ та кæддæриддæр сты йæ хорз кæстæртæ æмæ йæ уарзон сыхæгтæ.