Литературон журнал "Мах дуг"-ы æппæтадæмон æркасты архайын кæй фæнды, уыдоны нымæц æрвылбон рæзы
Литературон журнал "Мах дуг"-ы æппæтадæмон æркасты архайын кæй фæнды, уыдоны нымæц æрвылбон рæзы. Фысджыты æхсæн конкурс расидысты 15 январы. Сфæлдыстадон куыстытæ бадæттæн иc цалдæр здæхтмæ гæсгæ: поэзи, прозæ, публицистикæ, драматурги æмæ литературон тæлмац. Куыстытæн аргъ кæндзысты асы цалдæр къордмæ гæсгæ. 15 азы онг, 16 азæй 35 азы онг, æмæ 35 азæй фылдæр кæуыл цæуы, уыдон. Жюрийы 'хсæн Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны зындгонд фысджытæ, ирон æвзаджы дæснытæ. Уæлахиздзауты хорзæхджынгонд æрцæудзысты Кады гæххæттытæ, статуэткæтæ æмæ æхцайы фæрæзтæй. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ конкурсы архайынмæ курдиат бадæттæн ис 15 апрелы онг. Журналы сæйраг редактор Хетæгкаты Оксанæйы ныхæстæм гæсгæ, сæйраг нысан — мадæлон æвзаг рæзын кæнын, æрыгон адæмы разæнгард кæнын, сæ курдиат сын парахат кæнын. Æркастæн хатдзæгтæ скæндзысты майы. Мадзаларазджыты ныхæстæм гæсгæ, конкурс ныр дыккаг хатт арæзт æрцæудзæн спонсорты æххуысæй. Уæлахиздзауты куыстытæ мыхуыргонд æрцæудзысты журналы.