Беслæны кусы уæлæмхасæн ахуырады центр "Альтаир"
Чысыл Георгий ахæм дзаума фыццаг хатт аразы. Архайы хъæдæрмæгæн формæ радтыныл. Йæ ахуыргæнæг Икъаты Валерийæм лæмбынæг кæсы. Нæлгоймаг сывæллæттæн ацы дæсныйады сусæгдзинæдтæ амоны ныр 2 азæй фылдæр, кæстæртæм фæндаг ссарын ын бантыст уайтагъд. Ахуыртæ архайы хъазты хуызы аразын. Фæлæ уал уый размæ — æнæмæнг теори. Сывæллæттæн æмбарын кæнынц æппæт лыстæгдзинæдтæ дæр. Цы сты ас, хыгъдахастад æмæ æмиасад. Æрмæст уый фæстæ рахизынц практикæмæ. Уæлæмхасæн ахуырады центр "Альтаир"-мæ сывæллæтты ласынц горæтæй дæр. Ныййарджытæ сты разы. Нырыккон лабораторитæ, техникæ, ифтонггæрзтæ. Сывæллæттæ сæ æхсызгонæй пайда кæнынц. Картодром та у æрыгон техникты уарзондæр бынæттæй иу. Теоретикон хай æмæ хæдтулгæ скъæрыны фæтк æмæ цæхлдурты сæрты хизын. Уый фæстæ рацæуынц линимæ. Ис сын сæхи командæ дæр - "Барс", зæгъгæ. Архайынц чемпионаттæ æмæ Уæрæсейы кубокты. Ахуырдзаутæй иу сси спорты дæснымæ кандидат дæр. Хистæр къорды архайынц профессионалтæ. Æрмдæсныйады та сæйраг дæр у националон хуыз бахъахъхъæнын. Цыллæ кæлмæрзæнтæ бийын, куклатæ æмæ нымæтын дзауматæ аразын, сызгъæрин æндæхтæй хуыйын. Ис ма дзы чысыл музей дæр. Æвдыст дзы цæуынц педагогтæ æмæ æрыгон курдиæтты куыстытæ. Æгайты Светланæ ахуыр кæны уæлæдарæс æмæ худтæ хуыйын. Сабийæ фæстæмæ уарзта куклатæй хъазын, чысыл фæстæр та йæхицæн снысан кодта йæ фидæн ацы къабазимæ кæй сбæтдзæн, уый. Ацы бæстыхаймæ бахизгæйæ та адæймаг уайтагъд банкъары химион буаргъæдты тæф. Нымæцон лабораторитæ, микроскоптæ æмæ æндæр нырыккон ифтонггæрзтæ. Ис ма дзы виртуалон дунейы кæсæнцæстытæ дæр. Аграрон кълæсты ног гæнæнтæ — "зондджын" хъæрмуæттæ. Ис дзы видеоцæстдард, ам зайæгойтæ системæйы руаджы æфсæст цæуынц донæй, лæвæрд сæм цæуы рухс. Архайд цæуы онлайн хуызы. Уый сывæллæтты зæрдæмæ фæцыд. 20 сфæлдыстадон здæхтæй фылдæр. Хъæдæрмæгæй нывæфтыдтæ кæнын, æлыгимæ архайд, сызгъæрин хъуымæцтæй хуыйын, физикон-химикон кълæстæ æмæ картинг. Æртæ здæхты æрдзон-наукон, уæлæмхасæн æмæ æрыгон техникты станцæ. Æнгом сæ кæны сывæллæтты уæлæмхасæн ахуырады центр "Альтаир". Ам алы сабимæ дæр ссардзысты фæндаг, раргом ын кæндзысты йæ курдиат.