Сергей Меняйло бабар кодта ног ахуыры азмæ æхсæнадон транспорты куыст снывыл кæнын
Ахуыры азы райдианы агъоммæ регионы разамонæг Сергей Меняйло сарæзта æхсæнадон транспорты куысты фæдыл æмбырд. Ныхас цыд скъоладзауты æмæ студентты ахуырадон уагдæттæм ласыны фæтк снысан кæныныл. Республикæйы сæргълæууæг куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй æхсæнадон транспорты æнæкъуылымпы куыст уæлдай ахсджиаг у райсомӕй, студенттæ алы районтæй горæтмæ ахуырмæ куы фæцæуынц, уæд. Сергей Меняйло профилон ведомствотæн бабар кодта, цæмæй муниципалон скондтимæ иумæ снысан кæной æхсæнадон транспортыл льготæмæ гæсгæ цæуыны фæтк. Пайда дзы кæндзысты дæрддзæф хъæуты цæрæг бирæсывæллонджын бинонтæй студенттæ. Ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ куыд загъта, афтæмæй республикæйы скъолатӕм ис 133 автобусы, ноджыдæр ма регион хæстæгдӕр рæстæг райсдзæн 8. Уымæй уæлдай, сæргълæууæг йе 'ргом аздæхта, республикæйы кæй хъæуы транспортон реформæ скæнын. Хъуамæ фæзына ног транспорт, социалон картæтæ, фидыны ног системæ.