Цæгат Ирыстоны цæттæ кæнынц Мичуриныхъæуы фæрсты цæуæг фæндаг байгом кæнынмæ
Цæгат Ирыстоны цæттæ кæнынц Мичуриныхъæуы фæрсты цæуæг фæндаг байгом кæнынмæ. Объекты арæзтадон куыстытæ кæронмæ æрхæццæ сты. Ныртæккæ ма архайынц газы хæтæл æндæр ранмæ раивыныл. Уый тыххæй йæ телеграм-каналы фехъусын кодта Сергей Меняйло. Сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, регионалон фæндаг "Дзæуджыхъæу - Æрыдон - Цыкола - Лескен 2"-йы æдасдзинады домæнтæ фæбæрзонддæр уыдзысты. Мичуриныхъæуы фæрсты цæуæг фæндаджы дæргъ у 6 километры. Йе 'руаджы хъæу транзитон транспортæй суæгъд уыдзæн. Ног уаццагыл арæзт æрцыд 3 рацæуæны, иу тæлм фос тæрынæн æмæ Фыййагдоны цæугæдоны сæрты хид. Ныр фæндаг бæлццæттæн æмæ шофыртæн сси æнцонцæуæн. Специалисттæ дзы сæвæрдтой рухсы цæджындзтæ, сарæзтой дзы гæрæнтæ, фæзынд дзы фæндаггон нысæнттæ.