РЦИ Аланийы ахуырад æмæ наукæйы министрад сиды сывæллæтты ныййарджытæм
Цæгат Ирыстоны ахуырад æмæ наукæйы министрад сиды, скъолайы агъоммæ ахуырадон уагдæттæм чи цæуы, уыцы сабиты ныййарджытæм, цæмæй, грипп æмæ вирусы инфекцитæй хи бахъахъхъæныны тыххæй, сæ сывæллæттæ хæдзары уадзой. Рæвдауæндæттæ кусдзысты, ахæм фадат кæмæн нæй, уыцы сабитæн. Скъолайы агъоммæ æппæт ахуырадон уагдæтты дæр санитарон æмæ эпидемиологон цæстдард фæкарздæр кодтой. Æрвылбон хъомылгæнинæгтæ æмæ уагдоны кусджыты буары тæвд барынц. Рæвдауæндæттæм цæуыны бар нæй, æхснырсæг æмæ гриппы миниуджытæ кæмæ ис, уыдонæн. Бæстыхæйттæ æппынæдзух дезинфекци кæнынц. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
РЦИ Аланийы ахуырад æмæ наукæйы министрад сиды сывæллæтты ныййарджытæм
Категория:
Новости и СМИ