Хуссар Ирыстоны заз бæлæстæ калын нал уадзынц

2 тыс. подписчиков

12+
12+

9 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

9 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

9 просмотров

7 лет назад

Дзæуджыхъæуы та ног азы заз бæлас нырма агургæ кæнынц. Ис æм сæрмагонд домæнтæ - фыццаджыдæр йæ акалынæн хъуамæ уа йæхи аххосæгтæ, стæй йæ къалиутæ хъуамæ уой бæзджын, йæ дæргъ та 10-12 метрæй къаддæр хъуамæ ма уа. 15 декабры байгом уыдзысты, заз бæлæстæ кæм уæй кæндзысты, ахæм базартæ. Уымæй уæлдай ма Дзæуджыхъæуы байгом уыдзысты ног азы бæрæгбоны армукъатæ. Уым та балхæнæн уыдзæн алыхуызон хъазæнтæ. Ног азы фидауцтæ сласдзысты Саратов, Самарæ æмæ Ульяновскы облæсттæй. Æндæр горæттæй æрбаласгæ бæлæстæ уæй кæндзысты Хуссар Ирыстоны дæр. Уым заз бæлæстæ калын нал уадзынц. Хъæды хæдзарады кусджытæ тох кæнынц бæлæстæ æнæ закъонæй чи лыг кæны, уыдонимæ. Ног азы бæрæгбоны агъоммæ хъæдмæ уæлдай цæстдард ис. Уымæн æмæ бирæтæ нæзы æмæ заз бæлæстæ бæрæгбонмæ сфæнд кæнынц хъæдæй æрхæссын, уыимæ ма уæй кæнынмæ. Рейдтæ араздзысты Хуссар Ирыстоны æппæт районты. Уый тыххæй фехъусын кодта хъæды хæдзарады управленийы разамонæджы хæдивæг Къбулты Инал. Закъон чи хала уыдон та кæндзысты 6 мин сомы ивар. Заз бæлас кæй хъæуа, уыдонæн æй балхæныны фадат уыдзæн сæрмагонд армукъаты. Заз бæлæстæ Цхинвалы базармæ æрбаласдзысты Цæгат Кавказæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Хуссар Ирыстоны заз бæлæстæ калын нал уадзынц

Категория:

Новости и СМИ