Æппæтиумæйаг фæлварæн сфыст
Æппæтиумæйаг фæлварæн сфыст сараздзысты ацы аз, октябры. Уый тыххæй хъусын кæнынц Уæрæсейы Хицауады интернет сайты. Фæлварæн сфыстмæ бахаудзысты 10 бæстыхайы. Фыст æрцæудзысты 550 мин адæймагæй фылдæр. Бæрæггæнæнтæ равдисдзысты 2020 азы сæрмагонд сфыстмæ цæттæдзинад. Хицауады хъусынгæнинаджы куыд фыст ис, афтæмæй ацы сфыст раиртасдзæн техникон цæттæдзинад дæр. Сæрмагонд сфысты рæстæг пайда кæндзысты ног мадзæлттæй. Цæрджыты нымайдзысты электрон хуызы. Фæлварæн сфыст саразынæн æхцайы фæрæзтæ радих кæндзысты паддзахадон программæмæ гæсгæ. Йæ ном «Экономикон райрæзт æмæ иннновацион экономикæ». Уæ зæрдыл ма уын æрлæууын кæндзыстæм, æппæтиумæйаг сфыстмæ уæлдай барадон цæстдард цæудзæн ног закъонмæ гæсгæ. Хицæнæй дзы нысан у, бæрæггæнæнтæ Интернеты фæрцы кæй æмбырд кæндзысты, уый. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Æппæтиумæйаг фæлварæн сфыст
Категория:
Новости и СМИ