Хицауады æмбырды æрдзыдртой Цæгат Кавказы рæзты паддзахадон программæйыл
Цæгат Кавказы рæзты паддзахадон программæ æнтыстджынæй æххæст кæнынц республикæйы. Ныхас цæуы цалдæр къабазыл. Фылдæр æргом здæхт цæуы чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомадмæ. Хицауады æмбырды куыд рабæрæг афтæмæй районты ныртæккæ сарæзтой æвзарæн къамистæ. Æвзардзысты дзы инвестицион æмæ базарадон, сæйрагдæр та дæргъвæтин рæстæг чи ахæсдзæн, ахæм проекттæ. Хицауады сæрдар Тускъаты Таймуразы ныхæстæм гæсгæ, уый руаджы фæзындзæн ног куысты бынæттæ, уæдæ республикæйы районты экономикæйы рæзтыл дæр хуыздæрырдæм сахаддзæн. Кæд ныридæгæн бирæ бантыст, уæддæр бакусын кæуыл хъæуы, ахæм фарстатæ дæр ис дзæвгар. Бæрнон кусджытæ дзырдтой ахуырадыл дæр. Сæрмагондæй «Земский учитель» программæйыл. Ахуырад æмæ наукæйы министр йæ доклады радзырдта, республикæйы 2020 азы 16 ахуыргæнæджы программæйы фæлгæты фæйнæ милуан сомы кæй райсдзысты, уый. Конкурс аразгæйæ æппæт хъæугæ документацийыл дæр бакуыстой. Æхцайы фæрæзтæ 1 милуан сомы йæ бон уыдзæн райсын, хъæутæм кæнæ поселоктæм ахуыргæнæгæй кусынмæ чи ацæуа, уыдонæн. Уæрæсейы хъæуты цы ахуыргæнджытæ нæ фаг кæны, уыдоны нымæц баххæст кæндзысты Федералон программæйы фæлгæты. Йæ сæйраг домæн у 5 азы хъæуы уавæрты бакусын. Программæ æххæст кæнынц æгас Уæрæсейы дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хицауады æмбырды æрдзыдртой Цæгат Кавказы рæзты паддзахадон программæйыл
Категория:
Новости и СМИ