Хæдтæхджыты базыртыл
Ног рейстæ кæй фæзындзысты, ууыл цин кæнынц рæзгæ фæлтæр дæр. Бæлвырддæр зæгъгæйæ, та фидæны йæ цард авиациимæ сбæттынмæ чи хъавы, уыдон. Нырма уал ахуыр кæнынц авиамоделон къорды. Чи зоны, æмæ ныртæккæ цы хæдтæхджыты модельтæ æрхъуыды кæнынц, уыдонæй фидæны пайда кæндзысты дунейы бæлццæттæласæн компанитæ. Нырма уал сæм æркастысты дунеон чемпионаты Болгарийы æмæ дзы фесгуыхтысты. Полинæйæн авимоделировани йæ царды ахсы вазыгджын бынат. Хæдтæхджытæ аразыны куыст кæнынц йæ фыд æмæ йе `фсымæр. Уыдонмæ гæсгæ Полинæ дæр фæцахуыр ацы дæсныйадыл. Кæд фыццаг рæстæг моторты хъæрæй тæрсгæ кодта, уæд ныр йæ зæрдæмæ фæцыд. Авиамоделированийы руаджы чызг фæныфсджындæр æмæ йæм фæзынд иу ран бадынмæ фæразондзинад. Куыст бауарзта. Растдæр зæгъгæйæ та, бауарзта арв æмæ йæ хæдтæхджыты уынæр. Сывæллæтты техникон сфæлдыстады центры ахуыргæнинаг Полина Полякова: «Алыхуызон хæдтæхджытæ нæм ис, цымыдисаг сæм вæййы кæсын. Рагацау æй нæ зоныс, хæдтæхæг йæхи хæрдмæ куыд сисдзæн, уый. Мæ зæрдæмæ цæуы ног хуызтимæ кусын. Йæ мотор хатгай куы нал фæфæразы уæд æй æз бараст кæнын æмæ йæм базилын». Хæдтæхджытæ ам фæсивæд аразынц сæхи къухтæй. Райдианæй суанг уæларвмæ куы стæхынц, уæдмæ. Æнцон фыдæбон нæу, хъæуы дзы техникæмæ раст арæхсын. Авиамоделированийы змæлдыл нæ республикæйы 80 азæй фылдæр цæуы. Æхсæнады къорды ис 40 сывæллоны, 10 азæй 17 азы онг кæуыл цæуы, ахæмтæ. Сæ ахуыргæнджыты ныхæстæм гæсгæ, тæхæг кæнæ инженеры дæсныйад райсын кæй фæнды, уымæн авимоделировани у ахæдгæ хъомыс. Сабитæ цы зонындзинæдтæ райсынц, уыдонæй спайда кæнынц фидæны дæр. Авиамоделон иугонды разамонæг Илья Поляков: «Сывæллонæй конструктор, тæхæг кæнæ инженер æдзух нæ рауайы. Фæлæ уæддæр йæхи къухтæй хæдтæхæг куы саразы, куы йæ фены уæлæрвты ленкгæнгæ, уæд уымæ кæсгæйæ йæ зæрдæ фæрайы. Ам цы арæхстдзинæдтæ райсынц, уый сæ царды бахъæуы». Æрæджы республикæйы авиамоделон æхсæнады архайджытæ сыздæхтысты Болгарийæ. Уым цыдис дунеон чемпионат авиамоделон спортæй. Уæрæсейы иугонд командæ дзы бацахста фыццаг бынат. Нæ республикæйы минæвæрттæ дæр дзы фесгуыхтысты. Цæгат-ирыстойнаг авиамоделисттæй сæрыстыр у сæ разамонæг. Кæд æхцайы æххуысæй цух æййафынц, уæддæр иузæрдион сты сæ дæсныйадыл. Арвы цъæхмæ сæ арæх чи скæсын кæны, ууыл... _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Хæдтæхджыты базыртыл
Категория:
Новости и СМИ