195 азы размæ 17 æм апрелы фыст æрцыд уæрæсеаг америкаг Конвенци
Амынд дзы уыдис Цæгатаг Америкæйы континентыл Уæрæсейы зæххыты тыххæй уагæвæрд. Уымæй фæстæмæ фæбæрæг, Уæрæсейы Сабыр фурды былгæрæттæй йæхи дарддæр кæй айста, уый. Æрмæст ма дзы ном баззад - Уырыссаг Америкæ, зæгъгæ. Хаудысты йæм Аляскæйы фæзуæттæ, Алеутаг сакъадæхтæ, стæй ма иуæй-иу зæххытæ Цæгатаг Америкæйы цæгат-ныгуылæн былгæрæттыл. Ахæм ном та сыл сбадт уæрæсеаг денджыздзæуджыты балцыты рæстæг. Уæдæ дзы уырысы цæрджытæй бирæтæ кæй æрбынæттон сты уыцы рæтты, уый дæр зындгонд у. Уыдоны руаджы æххæстæй иртæст æрцыдысты ацы зæххыты æнæнымæц экономикон гæнæнтæ. 1799-æм азы Уæрæсейы Хицауад бар радта дыууæ бæстæйы иумæйаг компанитæн Уырыссаг Америкæйы кусынæн. Фæлæ куыдфæстæмæ, Америкæйы разамынд чысыл санчъехгай архайдта зæххытæ йæхи бакæныныл. Цæмæй Уæрæсе хыл ма ракъаха, уый тыххæй нæ бæстæ йæхи ницыуынæг скодта. Уый йæ фарсæй фæцис. Куыддæр нæ бæстæйы гæнæнтæ фæкъуындæг сты Хъырымы хæсты фæстæ, афтæ Америкæ йæ сæр бæрзонддæр сдардта. Бафæндыд æй, Аляскæйы бар кæмæ нæ дардта, уыцы зæххытæ дæр йæхи бакæнын. Æмæ та уæддæр Уæрæсейы разамынд, хæстæй тæрсгæйæ, хъæддых нæ фæлæууыд. Уæды рæстæджы паддзах акодта, абон дæр ма кæй æрхъуыды кæнынц, уыцы къахдзæф. Америкæйæн ауæй кодта Аляскæ æмæ ма йæм хæстæг цы сакъадæхтæ ис, уыдон дæр. Уæрæсейы бартæ уымæй Сабыр фурды цур фæлæмæгъдæр сты ноджы тынгдæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
195 азы размæ 17 æм апрелы фыст æрцыд уæрæсеаг америкаг Конвенци
Категория:
Новости и СМИ