«Стыр Ныхасы»-ы æмбырд
Абон «Иры Стыр Ныхасы» уæнгтæ фембæлдысты промышленнон районы цæрджытимæ. Æмбырд сарæзтой районы префектурæйы. Мадзалы сæйраг нысан – Ирон адæмы раз цы ахсджиаг фарстатæ лæууы, уыдоныл бакусын. Ирон æвзаг, культурæ æмæ традицитæ бахъахъхъæнын – сæйраг фарстатæй иу. Æмбырды æрныхас кодтой сæ дарддæры куысты нысантыл, æмæ сыл куыд кусын хъæуы, ууыл. Лæмбынæг æркастысты рæзгæ фæлтæры хъомыладмæ дæр. Мæты æфтауы мадæлон æвзаджы уавæр. Иронау дзурын кæстæрты хъуамæ ахуыр кæной канд скъолаты нæ, фæлæ хæдзары, сæ ныййырджытæ. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ абон Иры стыр ныхасы уæгтæ цы фарстаты тыххæй æрдзырдтой, уыдонмæ лæмбынæгдæр æркæсдзысты 25 августы Стыр Ныхасы радон æмбырды Цхинвалы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
«Стыр Ныхасы»-ы æмбырд
Категория:
Новости и СМИ