Электрон тыхдæттæг телтæм хæстæг æнæзакъонæй арæзт бæстыхæйтты нымæц рæзы
Россети Цæгат Кавказы кусджытæ сагъæс кæнынц, электрон тыхдæттæг телтæм хæстæг æнæзакъонæй арæзт бæстыхæйтты нымæц фылдæр кæй кæны, ууыл. Фæстаг азты ахæм закъонхæлдтытæ сарæх сты. Филиалы кусджытæ дзы банымадтой 43 цауы. Уагхæлдтыты тыххæй документтæ арвыстой тæрхондонмæ. Уыдон рахастой 6 бæстыхайы фехалыны уынаффæ. Электрон тыхдæттæг телтæ æмæ бæстыхæйтты ’хсæн дæрддзæгæн дæр ис йæхи фæтк. Арæх хæлд æрцæуы. Аразæн кæм нæй, уымыты фæзынынц скълæдтæ, дуканитæ æмæ ресторантæ. Хъæндзинæдтæ раиртæстой æнæкоммерцион æмбаладтæ «Иристон», «Рухс», «Локомотив», «Горянка», «Наука», «Весна» æмæ «Хурзарин»-ы. Зæрдæхсаинаг уавæр сæвзæрд Дзæуджыхъæуы Доваторы, Къесайы фырт æмæ Абайты Васойы номыл уынгты æмæ промышленнон зонæйы. «Цæгаткавказэнерго»-йы кусджыты ныхæстæм гæсгæ, æнæзакъон арæзтæдтæ хъыгдарынц цалцæггæнæн куыстытæ кæнын, уыимæ тæссаг сты адæмы æдасдзинадæн. Хуыцау бахизæд, фæлæ электрон тыхдæттæг телтæн сæ бон у æртонын дæр. Уый та расайы зынгсирвæзтытæм æмæ æндæр æнæнхъæлæджы цаутæм. Специалисттæ сидынц адæммæ, цæмæй æдасдзинады домæнтæм куыд фæндыйы цæстæй ма кæсой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Электрон тыхдæттæг телтæм хæстæг æнæзакъонæй арæзт бæстыхæйтты нымæц рæзы
Категория:
Новости и СМИ