Æрдзæн зианхæссæг митæ
Сыгъдæгдзинад бирæты цæсты кæй нал ахады, уый та бæрæг уыдзæн нæ дарддæры æрмæгæй. Цæвиттон, æнæрхъуыды адæймæгтæ сæ бырæттæ хъæуты æмæ горæтты алы рæтты калынц. Сæ фæстæ бафснайынæн бон нæ, фæлæ мæй дæр, æвæццæгæн, не сфаг уаид. Афтæмæй бырондоны обæуттæ адæмæн сæхи сæрты акалдысты. Аххосджынты та, уæвгæ, аргæ дæр нал скæндзынæ. Æфснайæг куыстуæттæ, куыд æмбæлы, афтæ не змæлынц, æви адæймаг фæстæмæ цæрæгоймæ фæндагыл æрлæууыд? Зын зæгъæн у, фæлæ йыл нæ уацхæсджыты къорд уæддæр бакуыста. Фыццаг бакастæй дæр адæймаг уайтагъд бамбары ай тынг стыр бырондон кæй у, уый. Ныридæгæн ахæм уавæры сты Ногиры алыварс фæзуæттæ. Бынæттон «Стыр Ныхас»-ы уæнгтæ куыд зæгъынц, сæвзæрд уавæры æрмæст адæм аххосджын не сты. Цæрджытæ бырæттæ аласынæн кæй баххуырсынц, уыцы машинæты шофырты нæ фæнды йæ акалынмæ цæуын. Бырондон кæм æрбынат кодта, уый дæр сæм тынг дард ран кæсы. Ласæггаг сын кæй бафыстой -уый та сæ цæмæдæр гæсгæ айрох вæййы. Ногиры цур ссардтой ног фæзуат æмæ сæхицæн зын нæ кæнгæйæ, уырдæм ласынц сæ бырæттæ æмæ сæ акалынц . Бынæттон администрацийы кусджытæн уавæр æнæзонгæ нæу. Архайынц йæ аивыныл. Куыд зæгъынц, афтæмæй бырондон ссыгъдæг кæнын. Фæлæ та цыбыр рæстæгмæ цы уыд, уымæй фæфылдæр вæййы. Цæмæй бырæттæ мачи ласа, уый тыххæй рахастой фæндаг сыхкæныны уынаффæ, фæлæ уый уавæр нæ аивта. Цæрджытæ, уæзласæн машинæты шофыртæ сыгъдзæгдзинадыл дзургæйæ, сæ бырæттæ ласын. Быроны обæуттæ стырдæр кæнынц. Фæхъармдæр, æвæццæгæн ныр райдайдзысты сыгъдæккæнæн куыстытæ. Бынæттон администрацийы разамынд æмæ специалисттæ зæгъынц - бырондоны цур рад хастой, адæмимæ кодтой æмбарынгæнæн куыст, фæлæ ницы аивта. Бынæттон хиуынаффæйады оргæнты минæвæртты хъуыдымæ гæсгæ хъуыддаг алыг кæнын ис, закъоны домæнтæ фæкарздæр кæнгæйæ. Закъонхалджытæ ивартæйнæ тæрсынц. Æмæ ма иу фиппаинаг. Нырма уал хъæуы цæрджытæ æмæ машинæты шофыртæ сæ зивæджы аххосæй сæ бырон калыннц хъæумæ хæстæг ран. Фæлæ куы фæхъарм уа æмæ тæф кæнын куы райдайа, бырондоны фæзуат куы фестырдæр уа. Æмæ цæрджыты тыхсын кæнын куы райдайа – уæд та цымæ аххосджын сæхæдæг кæй сты, уый бабардзысты. Æви сæ æндар ран агурдзысты?! _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Æрдзæн зианхæссæг митæ
Категория:
Новости и СМИ