Лæзджытимæ скандинаваг цыд
Социалон лæггæдты центры байгом кодтой скандинаваг хуызы цæуыны курсытæ. Сыгъдæг уæлдæф чи уарзы æмæ йæ фæлладуадзæн бонтæ пайдаимæ æрвитын кæй фæнды, уыдонæн спорты ацы хуыз цымыдисаг уыдзæн. Специалистты ныхæстæм гæсгæ, ацы ирхæфсæн мадзал адæймагыл хуыздæрмæ ахады. Нæ уацхæссæсджытæ - уымæн æвдисæн. Адæймагыл азтæ куы рацæуы, уæд, хъыгагæн, бирæтæн се нæниздзинад дæр фæцуды. Æмæ чи дохтырты æххуыс бацагуры, чи та æндæр мадзæлттæй æмæ амынддзинæдтæй спайда кæны. Чидæртæ та спорт æмæ гимнастикæйæ архайын райдайынц. Уæвгæ, йæ алчидæр æмбары, адæймаг йе уæнгтæ куы нæ змæлын кæна, уæд лæмæгъ кæны. Куындыхаты Зойæ спортмæ никуы ницы бар дардта. Æнæниз æмæ йæ сæрæн уæвын та бæргæ фæнды. Æрæджы фехъуыста спорты ног хуызы тыххæй. Раст зæгъгæйæ, Уæрæсейы спорты хуызыл нымад нæма у. Лæзджытимæ скандинаваг цыд республикæйы дæр раздæр никуы уыд. Фæлæ адæмы зæрдæмæ цæуы. Се хсæн Зойæ дæр- куыд зæгъы афтæмæй бирæ пайда хæссы. Лæзджытимæ скандинаваг цыды клуб Дзæуджыхъæуы байгом хæрзæрæджы, Терчыфале социалон лæггæдты центры бындурыл. Йæ сæйраг архайджытæ - пенсимæ чи рацыд уыцы ацæргæ адæм. Окъазты Алинæ, лæзджытимæ скандинаваг цыды клубы инструктор: «Ныртæккæ нæ къорды ис 20 адæймаджы æдæппæтæй та сты 30-æй фылдæр. Бафæлварын кæй фæнды уыдоны нымæц у бирæ, адæм дзурынц, сæхи фыссынц. Фæнд кæнæм ноджы дæр ма цалдæр къорды саразын». Æнæниздзинад фидаргæнæн ахуыртæ къуыри дыууæ хатты вæййынц, ахæссынц сахат æмæ æрдæджы бæрц. Тренировкæты сæйраг домæн хуымæтæг у - адæймагыл хъуамæ уа æнцон архайын ын кæм уыдзæн, ахæм уæлæдарæс. Лæдзджытимæ цæуыны спорт ивгъуыд æнусы 40-æм азты фæзынд. Æрхъуыды йæ кодта къахдзоныгътыл бырæг спортсмен Финляндийæ - цæмæй сæрдыгон дæр тренировкæтæ кæна æмæ ерстæм цæттæ уа, уый тыххæй. Йæ тренировкæтæ апарахат æппæт дунейыл. Лæдзджытимæ рагæй чи цæуы, уыдон зæгъынц - зынæй дзы кæй ницы ис, уый. Уыимæ кæд профессионалон спорты хуыз нæу - уæддæр йæ пайда ахадгæ у. Дохтыртæ зæгъынц, скандинаваг цыды фæрцы адæймаджы хæцъæфтæ фæфидар вæййынц, уыимæ астæуыстæг æмæ къæхтыл та уый бæрц уæз нæ фæцæуы. Йæхи фæмæллæгдæр кæнын кæй фæнды, уыдонæн дæр ахъазаг у - зæгъæм, дугъимæ абаргæйæ, калоритæ дыууæ хатты фылдæр æмæ тагъддæр басудзынц. Бафиппайын ма хъæуы уый, æмæ бирæ фæсарæйнаг бæстæты ацы хиирхæфсæн æмæ дзæбæхгæнæн фæрæз сси спорты хицæн хуыз. Арæзт дзы æрцæуынц ерыстæ дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Лæзджытимæ скандинаваг цыд
Категория:
Новости и СМИ