Цæгат Ирыстоны экспортон советы æмбырд ацыд Дзанайты Барисы разамындæй

15 цæгатирыстойнаг компанийы ацы аз рахызтысты экспортмæ, уыдонæй 5 - фыццаг хатт. Ахæм бæрæггæнæн къухы бафтыд экспортæн æххуысы республикон центры руаджы. Куысты хатдзæгтæ скодтой Дзанайты Барисы разамындимæ æмбырды. 3 кварталмæ æддагон базарады зилдух схызт 230 млн доллармæ. Уый фаронимæ абаргæйæ у 14% фылдæр. Нæ куыстуæттæ сæ продукци ласынц Армени, Гуырдзыстон, Ирак, Турк æмæ Хуссар Ирыстонмæ. Фылдæр ласынц хойраг, хомаг, минералон продукттæ, æфсæйнагæй дзауматæ. Хорз бæрæггæнæнтæ къухы бафтыд хъæууонхъæдзарады къабазы дæр. Республикæ 4 хатты фæфылдæр кодта хор, зети, картофы мыггаг, дыргъ, дæттæ æмæ адджын дæтты экспорт. Дзанайты Барис бабар кодта бынæттон экспотертæн дарддæр дæр æххуыс кæнын.

Иконка канала IRYSTONTV
1 463 подписчика
12+
55 просмотров
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии