Къора-Урсдоны цæрæг Гатеты Иринæйы хъæппæрисæй хъæуы рацарæзтой футболон фæз

2 тыс. подписчиков

12+
12+

35 просмотров

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

Къора-Урсдоны цæрæг Гатеты Иринæйы хъæппæрисæй хъæуы рацарæзтой футболон фæз

2 тыс. подписчиков

12+
12+

35 просмотров

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

35 просмотров

3 года назад

«Дæ райгуырæн хъæуы дын спортæй архайынӕн гæнæнтæ куы нæ уа, футболон фæз та кæрдæджы бын куы уа, уæд цы кæнгæ у?» - ахæм фарста фæзынд Къора-Урсдоны цæрæг Гатеты Иринæмæ. Чызг уавæрмæ æркаст бæстонæй. Æрхъуыды кодта проект, равдыста йæ Æппæтадæмон фæсивæдон форум «Каспий-2022»-йы æмæ рамбылдта грант - 150 мин сомы. Фæз æххæстæй рацаразынмæ фæрæзтæ не сфаг сты. Фæлæ не 'рмæджы хъайтар йæ къухтæ не 'руагъта. Йæ тырнындзинадмæ сразæнгард сты йе 'мхъæуккæгтæ дæр. Куыстытæм иумæ бавнæлдтой. Стадион рауад зæрдæмæдзæугæ. Хуыцаубоны дзы ацыд футболон турнир, бабæрæг йæ кодтой нæ уацхæсджытæ. Футболон ерысты фæдыл кадджын мадзалы сырх лентæ алыг кæнын бабар кодтой чысыл Фидарæн. Уый фæстæ хæлттæ сæппæрстой. Æдæппæтæй турниры архайынц цыппар командæйы. Дур-Дурæй, Къора-Урсдонæй, Даскъоф æмæ Дигорайæ. Алы хъæуы минæвæртты дæр фæндыд сæхи хорзæй равдисын. Уый тыххæй сæ хъару не 'вгъау кодтой. Уæвгæ, ацы бон футболон фæз алыхуызон æнкъарæнтæй хъæздыг уыд. Ацы бынат Къора-Урсдоны фæсивæдæн уарзон у. Раздæр дзы футболон фæз дæр, бæргæ, уыд. Фæлæ заууат уавæрмæ æрцыд. Спортивон гæрзтæ дæр нал бæззыдысты. Сæвзæргæ уавæр Гатеты Иринæйы зæрдæмæ нæ цыд. Бавдæлд æмæ йæ проект арвыста æппæтадæмон фæсивæдон форум «Хъаспий-2022»-мæ. Æвзонг чызджы хъуыдыимæ сразы сты æмæ йын радтой грант - 150 мин сомы. Æхцайы фæрæзтæ æппæт хъуыддæгты фаг нæ раисты, фæлæ чызджы фарсмæ æрбалæуыдысты йе 'мхъæуккæгтæ. Кæмæн куыд йæ бон уыд, афтæ йын баххуыс кодтой. Стадион зæрдæмæдзæугæ рауад. Дзуапп дæтты нырыккон домæнтæн. Кадджын уавæры йæ байгом кодтой агас хъæуæй. Хистæртæ куыд радзырдтой, афтæмæй ацы фæзыл пуртийы фæстæ сæхæдæг дæр æрыгонæй бирæ фезгъордтой, ныр та ахæм фадат ис кæстæртæн дæр. Æмæ, æвæццæгæн, уый раст у, кæронбæттæны бынæттон командæ кæй фæуæлахиз. Футболистты схорзæх кодтой кубоктæ, майдантæ æмæ дипломтæй. Иринæ цы хорз хъуыддаг сарæзта йæ хъæуæн, уый у фæзминаг. Ныр футболон фæзы фæсивæд хъæддых кæндзысты сæ æнæниздзинад æмæ хъæуты 'хсæн хæлардзинад.

, чтобы оставлять комментарии