Ног культурæйы галуанты куыст
Иу мæй рацыд Къостайы хъæу ног культурæйы галуан куыд байгом кодтой, ууыл. Ныридæгæн дзы кусынц алыхуызон сфæлдыстадон къордтæ. Сывæллæтты ахуыр кæнынц кафын, зарын, музыкалон инструменттыл цæгъдын. Ног Бæтæхъойы хъæуы дæр ис ахæм культурæйы галуан. Гом эй бакодтой, фæлæ кусгæ нæма скодта. Сывæллæттæ секциты архайынмæ раздæры хуызæн цæуынц сæ хъæуы скъоламæ. Официалон æгъдауæй культурæйы галуан гом æрцыд мæй размæ, фæлæ хъæуы сывæллæттæ ныридæгæн кæм хъуамæ архайой, уыцы агъуыстытæ сты афтид. Галуаны разамонæг та йæхæдæг у дуаргæс, æфснайæг æмæ администратор дæр. Кусджыты нæма райстой. Гастрольты цы сфæлдыстадон къордтæ вæййынц, уыдоны суазæг кæнынц, æмæ ууыл культурон цард фæци. Уæдæ Къостайыхъæуы культурæйы галуаны та цард цытджинæгау фыцы. Йæ сарæзтыл мæйæ чысыл фылдæр йедтæмæ нæ цæуы, фæлæ дзы секцитæ куыд æмбæлы, афтæ кусынц. Хъæуы хицауы ныхæстæм гæсгæ, цæмæй культурæйы галуан æнæ къуылымпыйæ куса, уый тыххæй дзы 6 адæймагæй фылдæр нæ хъæуы. Къостайыхъæуы уæлдайдæр сывæллæттæ разы сты сæ ног культурæйы артдзæстæй. Зæгъæм, кафджытæм дзы цæуынц 50 сабийы. Культурæйы министрады кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй штатон иуæгтæ фаг радих кодтой культурæйы галуантæн. Къуылымпыдзинад фæзынд районы администрацийы: кæцыдæр уагдæттæм æрхауд фылдæр кусæн иуæгтæ, иннæтæм та – къаддæр. Афтæ рауад Ног Бæтæхъойы хъæуы дæр. Цалынмæ профилон министрады фарста алыг кæныныл кусынц, уæдма уал Ног Бæтæхъойы 3 мин цæрæджы сæ цæстытæ ног галуаны æдтаг бакастæй рæвдауынц. Мидæгæй дзы хи аирхæфсæн ницæмæй ис нырма. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Ног культурæйы галуанты куыст
Категория:
Новости и СМИ