Сомæй æфхæрын
Æфсæнвæндаджы сæрты хизгæйæ фæндаггон змæлды фæткхалджытæ ныр ивар 5 хатты фылдæр фиддзысты. Административон кодексмæ ахæм ивддзинæдтæ бахæссыныл Паддзахадон Думæйы депутаттæ схъæлæс кодтой фыццаг æркасты. Ивддзинæдтæ дзæвгар сты. Зæгъæм, шлагбаумы иувæрсты сырх светофорыл исчи хæдтулгæйæ куы ахиза, уæд шофыр фиддзæн ивар. Æфсæнвæндаджы сæрты ахизæны цур светофор кæд нæй, фæлæ поезд, локомотив кæнæ дрезинæ дардæй дæр кæд зыны, уæддæр машинæйæн фæндагыл цæуыны бар нæй. Поезд нырма дард у, зæгъгæ, йæ хæдтулгæ уæддæр размæ чи тæра, уый та йæ дзыппæй 5 000 сомы сисæд. Закъоны ивддзинæдтæм гæсгæ ма ахæм уагхæлдтыты тыххæй-иу шофыртæн 3 мæйæ 6 мæймæ онг æмгъуыдмæ байсдзысты машинæтыл цæуынæн бардæттæг гæххæттытæ. Паддзахадон автоинспекцийы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, фæндаггон фыдбылызты 95% аххосджын вæййынц шофыртæ сæхæдæг. Арæх фæндаггон фыдбылызты æрцæуынц зиантæ дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Сомæй æфхæрын
Категория:
Новости и СМИ