1-æм июнæй сног кодтой маршрут Дзæуджыхъæу-Дзынагъа
1-æм июнæй сног кодтой маршрут Дзæуджыхъæу-Дзынагъа
1-æм июнæй сног кодтой маршрут Дзæуджыхъæу-Дзинагъа. Бæлцæттæ ласы автоколонна 12.10. Æрвылбон 15 сахатыл æмæ 55 минутыл микроавтобус рацæуы 1-æм автовокзалæй. Алы хъæуы дæр автобус бауромы. Райсомы 6 сахатыл та автобус рацæудзæн фæстæмæ турбазæ «Ростсельмаш»-æй. Кусы дзы 3 шофыры. Уæвгæ, бæлццæтты нымӕц чысыл нæу, æмæ сын автобусы бынæттæ не сфаг вæййы. Автокалоннæйы куыд зæгъынц, афтæмæй ма ратдзысты автобустæ, кæд хъæуа, уæд. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, раздæр æвзæр боныхъæды аххосæй маршруты архайд баурæдтой. Фæлæ адæмы фæндонмæ гæсгæ йæ ныр сног кодтой.