Зæронд фарстатæ - ног фæндтæ
Кæм баппарæн ис адæймагæн йе `фсæн бæхы идон? Фæстаг азты уый уæлдай ахсджиаг у. Республикæйы фæндæгтыл машинæтæ сбирæ сты, афтæмæй та сын лæууæн бынæттæ нæй. Цæмæн афтæ рауад æмæ аххосджын чи у, уымæн дзуапп радтын зын у. Уæдмæ та уал машинæты æвæгæсæг рæнхъытæ джиуынц горæты уынгты. Хъуыддаг кæмæй æмæ цæмæй аразгæ у, уый æмбарынц бæрнон хицæуттæ. Фæлæ уавæр иу бонмæ фæрогдæр кæнын Хуыцауы бон дæр нæу. Цы гæнгæ у уæдæ? Уый раиртасыныл архайдта не сфæлдыстадон къорд. Фæндæгтыл мæлдзгуыты губаччы хуызæн змæлд. Дуканиты цур уæгъд бынат нал баззад æмæ дзы машинæтæй ацæуæн нæй. Æдзæсгомдæр чи у, уый йæ хæдтулгæ батæры фистæгæй цæуджыты фæндæгтæм. Цæмæн афтæ у? Дзуапп хуымæтæг – горæты нæ фаг кæнынц машинæтæн лæууæн бынæттæ. Шофыртæ йæ бæргæ æмбарынц, закъон халынц, уый. Фæлæ цы фæуой?! Уавæр аивæн ис бирæуæладзыгон лæууæн бынæтты руаджы. Уæвгæ, Дзæуджыхъæуы иуæй-иу районты фæзындысты. 2 йеддæмæ уал не сты. Фæлæ дзы алкæцыйыдæр бынат ис 100 машинæйæн. Дзæуджыхъæуы администрацийы куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй горæты сæйраг уынгты ахæм лæууæн бынæттæ 3-æйæ къаддæр хъуамæ ма уа. Хъыгагæн, хъуыддаг ныхасæй дарддæр нæ цæуы. куы фæрæзтæ нæй, куы фадæттæ... Хъараты Аслан Дзæуджыхъæуы сæйраг архитектор: «Бирæуæладзыгон лæууæн бынæттæ саразын хъæуы рахиз æмæ галиу фарсы дæр. Мæнмæ гæсгæ уæд центрон уынгтыл фæндаггон змæлд фæрогдæр уыдзæн. Кæй хъæуа, уыдонæн дæр фистæгæй цæуын дард нæ бахъæудзæн. пайда уыдзысты хæстæг районты æмæ хæдзæртты цæрджытæн дæр». Ацы аз Дзæуджыхъæуы фæнд кæнынц машинæтæн ног паркинг саразын. 2025 азмæ та Куйбышевы æмæ Ватутины уынгты тигъыл хъуамæ фæзына стыр логистикон центр. Уый хъуамæ фæахъаз уа хæстæг уынгтыл машинæты нымæц фæкъаддæр кæнынæн. Фæлæ уыдон фæндтæ сты. Уæдмæ та горæты центрон æмæ историон уынгты машинæтæ æмызмæлд кæнынц. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Зæронд фарстатæ - ног фæндтæ
Категория:
Новости и СМИ