Уæлдай цæстдард

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

Нæ республикæмæ цы делегаци ссыд Мæскуыйæ, уым уыд Уæрæсейы Президенты цур сывæллæтты бартæ хъахъхъæнæг æххæстбарджын минæвар Аннæ Кузнецова дæр. Уый уæлдай æргом аздæхта сывæллæтты хæдзар «Виктория»-йы хъомылгæнинæгты «Хуры тын»-ы куыд суазæг кодтой,уымæ. Омбудсментæ бабæрæг кодтой дыууæ сывæллæтты хæдзары дæр, скодтой æмбæлгæ хатдзæгтæ. Дианæ Зинкина сывæллæтты хæдзар «Хуры тын»-ы иу мæйы бæрц цæры. Цæуы йыл 13 азы ,уыдонæй 7 азы арвыста сывæллæтты хæдзар «Виктория»-йы.Кæй зæгъын æй хъæуы сывæллæтты хæдзары цæрын стыр амондыл банымайæн нæй, фæлæ уæддæр чыгæе ам йæ зæрдæмæ цæуы. Йæ ног цæрæн бынаты ис футболæй кæм хъазой сывæллæттæ, ахæм фæз.Дианæ та спортыл у æнувыд. Иу дзырдæй,йæ ног хъæдзарæй зæрдæ райы. Сывæллæтты хæдзар «Виктория»-йы хъомылгæнинæгты «Хуры тын»-мæ раивыны хъуыддаг æхсæнад социалон хызæгты тынг банкъуысын кодта. Уагдоны директоры ныхæстæм гæсгæ, сывæллæтты ныры онг дæр ма иу ран нæ уадзынц. Феликс Тменаты, сывæллæтты хæдзар «Хуры тын»-ы директор: «Сывæллæттæ ног уавæртыл зынтæй кæй ахуыр кæнынц,уый мæнмæ гæсгæ,се`хсæн ахастдзинæдтимæ нæй бабæттæн,уымæн æмæ сывæллæттæ кæрæдзийы уайтагъд бамбæрстой. Фæлæ ацы хабар коййаг кæй сси, æмæм ма нырдæр алыхуызон ныхæстæ кæй кæнынц, уыймæй сывæллæтты тыхсын кæнынц, нæ сæ уадзынц куыд æмбæлы афтæ сæ сабидуг æрвитын. Сабитэ хъуамæ мацæуыл мæт кæной, сывæллæттæ куыд æмæбæлы афтæ хъуамæ цæрой, æмæм йæ æмбарой, сæ алыварс цы хистæртæ ис, уыдон сæ кæй уарзынц, уый». Сывæллæтты хæдзар «Хуры тын»-ы фæзуатмæ лæмбынæг æркаст æмæ йыл æрзылд Уæрæсейы Президенты цур сывæллæтты бартæ хъахъхъæнæг æххæстбарджын минæвары уынаффæгæнæг Максим Ладзин дæр. Сывæллæтты хæдзары хъомылгæнинæгты хъысмæтмæ Мæскуыйы дæр тынг лæмбынæг кастысты. Уымæ гæсгæ, Республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министры хæдивæг Людмилæ Башаринæ йæхæдæг базонгæ кодта уазджыты, ныртæккæ сывæллæттæ цы уавæрты цæрынц,уыимæ. Людмилæ Башаринæ: «Сывæллæттæн «Хуры тын»-ы цы уавæртæ арæзт æрцыд,уыдон закъонмæ гæсгæ домæнтæн дзуапп дæттынц,ома дзы сывæллæтты хæдзары хъомылгæнинæгты рæзтæн æмæ социализацийæн æппæт уавæртæ дæр ис». Омбудсметæ æркастысты бæстыхайы алы уатмæ дæр, сбæрæг кодтой сывæллæттæн куыд æмæ цы хæрын кæнынц уый,сæ уæгъд рæстæг куыд æрвитынц, цавæр уавæрты цæрынц, психологы кабинет куыд ифтонг у, уыдæттæм. Уæдæ сын сабитимæ аныхас кæныны гæнæн дæр фæцис. Æрфарстой сæ, сæ ног хæдзар сæ зæрдæмæ цæуы,æви нæ,лæмбынæг сын байхъуыстой сæ хъуыдытæм. Бартæ хъахъхъхæнджытæ бабæрæг кодтой сывæллæтты хæдзар «Виктория»-йæ дæр. Уый та уымæн, цæмæй уый размæ сывæллæттæ цы уавæрты цардысты уый феной, æмæ раст хатдзæгтæ скæной. Уым дæр бабæрæг кодтой хæрæндон æмæ хуыссæнуат. Аннæ Кузнецовæ: «Ацы дыууæ сывæллæтты хæдзары хъуыддагимæ лæмбынæг куы базонгæ стæм,уæд дзы иувæрсты ацæуын нæ бон нæ бацис,кæд æмæ нæ цыды сæр æндæр уыд,уæддæр. Мæ кусджытæ бабæрæг кодтой сывæллæтты хæдзар «Виктория» дæр. Æркастысты лæмбынæг алцæмæдæр.Цы федтой уый сæ дисы бафтыдта,хæрæндон кæлæддзаг, уавæртæ тæссаг. Батагъд кодтам ног бæстыхаймæ,ам бабæрæг кодтам хæрæндон,ног цæрæнуæттæ. Сывæллæттимæ баст гæххæттыты уаг сбæлвырд кодтам. Сывæллæттæ ныридæгæн цы уавæрты цæрынц, уыдон сты дзæвгар хуыздæр. Аныхас кодтам сывæллæттимæ дæр. Иу дзырдæй, ног уавæртыл ахуыр кæнынц.Фæнды мæ цæмæй æппæт уыцы хъуыддæгты сæ фарсмæ уой ахуыргонд æмæ фæлтæрдджын специалисттæ.Зæрдæ дарын, мах фæстæ уавæр кæй фæхуыздæр уыдзæн. Уымæн æмæ сывæллæттæ уый размæ цы кæуинаг уавæрты цардысты,уыдон абарæн дæр ницæимæ ис. Ныры онг дæр дзы сабитæ куыд цардысты, уый дæр диссаг у». Сывæллæтты хæдзар «Хуры тын»-ы сабиты цард ныр бынтон фендæрхуызон.Ног цæрæнуаты фæткмæ гæсгæ,хъомылгæнинæгты къордтыл кармæ гæсгæ нæ дих кæнынц,фæлæ кæрæдзийæн сывæллæттæ куыд тугхæстæг сты,уымæ гæсгæ.Ома дзы хоты æмæ æфсымæрты кæрæдзийæ нал хицæн кæндзысты. Бартæ хъахъхъæнджытæ дарддæр дæр ацы хъуыддагмæ сæ хъус дардзысты.Сæ ныхæстæм гæсгæ, иунæг сывæллон дæр æнæ цæстдардæй нæ баззайдзæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Уæлдай цæстдард

Категория:

Новости и СМИ