Уæллаг Бирæгъзæнджы байгом кодтой Гæбуты Таймуразæн цыртдзæвæн

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

Уæллаг Бирæгъзæнджы абон байгом кодтой сæ номдзыд æмзæххон Гæбуты Таймуразæн цыртдзæвæн. Уый уыд Тамбовы облæсты Думæйы депутат. Йæхи фæрæзтæй куыд йæ бон уыд, афтæ æххуыс кодта хъæуы цæрджытæн. Кадджын мадзалмæ æрбацыдысты йæ бинонтæ Тамбовы облæстæй, бынæттон хицауад æмæ хъæуы цæрджытæ дæр. Радзырдтой Гæбуты Таймуразы царды тыххæй, цыртдзæвæныл æрæвæрдтой дидинджытæ æмæ веноктæ. Уæллаг Бирæгъзæнджы абон иу минут æдзæмæй алæуугæйæ ссардтой Гæбуты Таймуразы рухс ном. Кадджын уавæры аргъуаны кæрты йын байгом кодтой йæ цыртдзæвæн. Мадзалмæ æрбацыдысты бинонтæ æмæ къабæзтæ. Гæбуты Таймураз йæ цардæй ахицæн ивгъуыд аз июлы мæй. Не `мбæстаг дзырдзæугæ лæг уыд Тамбовы облæсты Думæйы депутат. Райгуырди Цæгат Ирыстоны. Ахуыр дæр ам кодта. Уый фæстæ кусынмæ ацыд Тамбовмæ, фæлæ йæ райгуырæн бæстæ рох никуы кодта. Уæдæ йе `мкъласонты дæр афтæ. Гæбуты Таймураз уыдис куыстуарзаг адæймаг. Бирæ бæрнон бынæтты кодта фæллой. Алы ран дæр зæрдæргъæвдæй архайдта. 2011 азы йæ равзæрстой облæсты Думæйы депутатæй. Уыдис ын бирæ паддзахадон хæрзиуджытæ. Гæбуты Таймураз хорзæхджынгонд уыд "Фыдыбæстæйы раз сгуыхтдзинæдты тыххæй" майданæй. Йæ хорздзинæдтæ йын абон дæр нæ рох кæнынц. Стыр æххуыс кодта йæ райгуырæн бæстæйæн дæр. Йæ хъæппæрисæй Бирæгъзæнджы сарæзтой Сыгъдæг Николайы номыл аргъуан. Йæ проектыл Таймураз йæхæдæг бакуыста. Таймуразы ном ссарынмæ æрбацыдысты Гæбуты мыггаджы минæрттæ, хиуæттæ, скъоладзаутæ, æмхъæуккæгтæ Мæскуы æмæ Тамбовы облæстæй уазджытæ. Мадзалмæ æрбацæуджытæ радзырдтой Таймуразы царды тыххæй, цыртдзæвæныл æрæвæрдтой дидинджытæ. Гæбуты Таймуразæн йæ йа цардвæндаджы æххуыс кодтой йæ бинонтæ дæр. Схъомыл кодта дыууæ лæппуйы. Йæ сæр сæ бæрзæндты хаста. Сæ иу - Арсен - ныртæккæ у Тамбовы облæсты вице-губернатор. Иннæ фырт - Мурат кусы арæзтадон компанийы. У йæ сæргълæууæг. Гæбуты Мурат, Гæбуты Таймуразы кæстæр фырт: «Æнгомæй иу кæимæ цард уыдонæй алкæйы дæр уырныдта, хъулон уарзтæй сæ кæй уарзы уый. Уымæн æмæ уыд ахæм адæймаг. Алы адæймаджы зæрдæмæ дæр ардта фæндаг, æмæ йæм уыдон дæр сæхи æлвæстой. Цыфæнды зындзинады дæр иу фæкаст æмæ йæ рох дæр уый тыххæй нæ кæнынц. Куыд фыд уыди куырыхонзондыахаст. Кæд нæм иу тызмæгæй сдзырдта уæддæр иу нæ йæ къух никуы систа. Хъомыл нæ кодта ирондзинады уагмæ гæсгæ. Зыдтам чи стæм æмæ нæ уидæгтæ кæцæй сты уый». Цыртдзæвæныл бакуыста Тамбовы облæсты зындгонд скульптор Виктор Остриков. Бинонты амындмæ гæсгæ рауад тынг цымыдиссаг æмæ цæстахадгæ. Кадджын хистæры цыртдзæвæны рæзты ныр цы фæндаггонтæ цæуа, уыдон ын йæ ном æхсызгонæй кæй ардзысты, уый дызæрдыггаг нæу.  _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Уæллаг Бирæгъзæнджы байгом кодтой Гæбуты Таймуразæн цыртдзæвæн

Категория:

Новости и СМИ