Ахсджиаг фарста
Дзæуджыхъæуы сарæзтой æппæтдунеон фæсивæдон юридикон форум. Архайдтой дзы Уæрæсе, Армени Азербайджан æмæ Абхазийы уæлдæр ахуыргæнæндæтты минæвæрттæ. Ныхас цыд экстремизмы ныхмæ тохы фарстатыл. Форумы архайджытæ депутатты размæ рахастой цалдæр курдиаты. Зæгъæм, террористты карздæрæй æфхæрыны тыххæй. Уымæй уæлдай ма, ахст чи у, уыцы террористтæн хъуамæ ма уа бар бадзырдмæ гæсгæ рагацау суæгъд уæвынæн. Уыимæ ма, фæнд кæнынц, 18 азы кæуыл нæма цæуы, ахæм фыдгæнджыты бинонтæм къæрцхъусдæр уæвын. Мадзалы архайджыты 'хсæн уыдысты Алайнаг епархи æмæ пысылмæтты разамынды минæвæрттæ. Форуммæ æрбацыд нæ республикæйы хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз дæр. Цæгат Кавказы хæххон-металлургон институты мадзал саразынц æрвылаз. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ахсджиаг фарста
Категория:
Новости и СМИ