Хицауады хæдзары æрдзырдтой арæзтады къабазы уавæрыл санкциты рæстæг

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

4 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

4 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

4 года назад

2022-æм азы цы объекттæ æрцæудзысты арæзт æмæ бындуронæй цалцæггонд? Уыцы фарстаты фæдыл премьер Дзанайты Барис æрдзырдта дзуапдæттæг министрæдты минæвæрттимæ. Ныхас цыд фæндаггон инфраструктурæ æмæ цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады къабазы мадзæлттыл дæр. Хицауады сæрдар куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй санкциты рæстæг хъæуы хынцын æппæт тæссаг уавæртæ. Уый тыххæй та ахсджиаг у афойнадыл контракттæ бафыссын. Арæзтадон къабазæн æххуысы тыххæй Уæрæсейы хицауад бакуыста кризисы ныхмæ сæрмагонд мадзæлттыл. Ныр арæзтадæн бардæттæг гæххæттытæ æмæ зæххыты пълан сфидар кæнын æнцондæр уыдзæн. Ныхас ма цыд астæуккаг ахуырады уагдæтты бындурон цалцæгыл. Фондз азы дæргъы рацараздзысты республикæйы скъолаты 70%. Ацы аз куыстытæ райдайдзысты Цæгат Ирыстоны 44 скъолайы. Уыдонæй 19-мæ базилдзысты афæдзы дæргъы. Иннæты цалцæг та у дыууæ къæпхæнæй арæзт. Афтæмæй, дыууæ азмæ сног кæндзысты 63 бæстыхайы. Уымæй уæлдай, Дзанайты Барис профилон ведомствотæн бабар кодта уæлæмхасæн курдиæттыл бакусын. Сæ фæрцы рацаразæн уыдзæн фылдæр ахуырадон уагдæттæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv