Сергей Меняйло тæфæрфæсы ныхæстæ ракодта Мамсыраты Тасолтаны бинонтæн æмæ æгас Ирыстоны цæрджытæн
Тæфæрфæсы ныхæстæ Мамсыраты Тасолтаны бинонтæн, æгас Ирыстоны цæрджытæн ракодта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло дæр. Куыд загъта, афтæмæй абон ирон адæм фæстаг фæндараст зæгъдзысты куырыхон æмæ кадджын хистæрæн - Цæгат Ирыстоны радио æмæ телеуынынады диктор, рæсугъд хъæлæсы хицау, уæздан ирон лӕг, стыр дæсны Мамсыраты Тасолтанæн. Уый стыр фæд ныууагъта ирон культурæйы хæзнадоны. Фæсивæдæн уыд цæстуарзон хистæр æмæ сын йæ дæсныдзинæдтæ æнæвгъауæй лæвар кодта. Ахæмæй йæ бахъуыды кæндзысты Ирыстоны адæм дæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv