Мæй ирддæр цæстæй ныккаст
Абон та Зæххы къорийы цæрджытæ сæ цæстытæ арвмæ ныццавтой. Нæ планетæйы `мдзугæнæг Мæй нæм фæхæстæгдæр ис дæсгай мин километртæ. Уый руаджы уыдис, æрвылбон куыд фæзыны, уымæй стырдæр æмæ ирддæр. Иуæй-иу рæтты йæ тæмæнадыл 30 процентæй фылдæр бафтыд. Уырыссагау ацы фæзынд хуыйны "суперлуние". Æппæты тынгдæр бæрæг фæдары, денджызмæ `ввахс чи цæры, уыдоныл. Мæй кæй фæхæстæгдæр вæййы, уый расайы тыхджын донæрбаивылдтытæ æмæ донаивылдтытæ. Фæлæ денджыз йæ фындзы бын кæмæн нæй, уыдоны цæст дæр егъаудæр мæйыл æрхæцыдаид. Хуыздæр уавæртæ уымæн уыдис Уæрæсейы азиаг хайы. Уæвгæ ма ахсæв адæм фендзысты æндæр цау дæр - Мæйдалынг. Зæххы къорийы алы ран нæ зындзæн, кæй зæгъын æй хъæуы, фæлæ кæм зына, уым Мæй сырх-сырхид адардзæн. Æрмæст иу фиппаинаг: æрвон диссæгтæ фенæн вæййы æрмæстдæр сыгъдæг арвыл. Абон нæ уыцы хорзæх нæ фæци. Гъемæ, мæй дæр йæ спектакльтæ æнæ `вдисæнтæй кæй фенын кодта, уый йæхи аххос у. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Мæй ирддæр цæстæй ныккаст
Категория:
Новости и СМИ