Хъуыддагмæ каст фесты

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

5 просмотров

8 лет назад

Дзæуджыхъæуы гарнизоны тæрхондоны дарддæр кæсынц Цæгат Ирыстойнаг дыууæ сержанты Æлбегаты Зелим æмæ Сланты Арсены хъуыддагмæ. Азымджын сæ кæнынц, офицерты кæй фæнадтой, уый тыххæй. Слестгæнæг хайад куыд рабæрæг кодта, афтæмæй, дам, Цхинвалы Уæрæсейы 4-æм гарнизоны æфсæддонтæ фæнадтой дыууæ офицеры - Богдан Патык æмæ Антон Зайнутдиновы. Бархъахъхъæнджыты ныхæстæм гæсгæ та, хъуыддаг бынтон иннæрдæм уыдис. Офицертæ салдæттæм сæ къух куы систой, уæд сын уыдон радтой аккаг ныхкъуырд, сæ митæ сæм раст кæй нæ фæкастысты æмæ сын кæй нал фæрæзтой, уый тыххæй. Ацы уголовон хъуыддаг æхсæнад банкъуысын кодта. Уымæ гæсгæ та тæрхондоны раз абон æрбамбырд сты, æфсæддон системæйы ахæм уавæримæ хæрхæмбæлд чи фæцис, уыдон. Æфсады службæ кæнгæйæ æнахуыр хуызы чи фæмард, уыцы Цæгæраты Аланы бинонтæ дæр æрбацыдысты. Ацы хъуыддаг райхалыныл архайынц æртæ мæйы дæргъы. Азымджынты хиуæттæ æмæ адвокаттæ æрцыдысты, тæрхон сæм раст цæстæнгасæй кæй нæ кæсы, уыцы хатдзæгмæ. Ацы сахатмæ тæрхондоны хъуыддагмæ ныр дæр ма кæсынц. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Хъуыддагмæ каст фесты

Категория:

Новости и СМИ