Ирон адæм сбæрæг кодтой уарзондæр бæрæгбæттæй иу – Ногбон

Ногбонмæ хуымæллæггаг Бедойты бинонтæ сæхи рагæй цæттæ кодтой. Нæ фыдæлты уырныдта, фынг цас бæркадджындæр уа, уыййас хуыздæр, уыййас хъæздыгдæр уыдзæн æнæхъæн аз дæр. Уæдæ Ногбоны æхсæв скæнынц басылтæ дæр хыссæйæ. Вæййынц адæмы, фосы, сырдты хуызæттæ. Хæдзармæ арфæтæ кæнынмæ чи æрбацæуы, уыдонæн дзы æнæмæнг раттынц. Нæ фыдæлтæм-иу бæрæгбоны фынгыл сæйраг бынат ахста æртхурон - стыр дзадджын гуыдын. Уымæй хъуамæ бинонтæй алчидæр бахордтаид, ӕддагонӕн дзы дæттын не 'мбæлыд. Фæсивæд сæ уæлæ, куыд ничи сæ базона, афтæ алы дарæс скодтой æмæ хæдзæрттыл зилынц заргæйæ: "Хæдзаронтæ, хæдзаронтæ! Уæ лæг саг куыд амара, уæ ус тыр куыд ныййара, уæ басылы къух мæн куыд фæуа". Семæ æрбахастой хоры нæмгуытæ æмæ сæ хæдзары ныппырх кодтой, уал æмæ уал хорзы æрцæуæд фысымтыл, зæгъгæ. Бедойтæ "бæзджын" бинонтæ сты. Владимир æмæ Тимæйæн ис фондз хъæбулы, уыдоны хъæбултæ - æхсæрдæсæй. Алы бæрæгбон дæр иумæ æрбамбырд вæййынц. "Нæ ныййарджыты куырыхон зонд æмæ фæлмæн мидбылхудт нæ сæхимæ æлвасынц", зæгъгæ. Æмæ цалынмæ чындз фынг рæсугъд кодта, уæдмæ басылтæ дæр ацæттæ сты. Гыццыл чызджытæ сыл уæлдай тынг цин кæнынц, уымæн æмæ сæхи конд сты. Уæдæ Фарныхъæуы дæр бон куы æрбацъæхтæ, уæд райдыдтой сæхи цæттæ кæнын æртытæ скæнынмæ. Уæдæ кæй арт стырдæр уыдзæн? Кæй арт тынгдæр ныррухс кæндзæн? Дæсгай æмæ дæсгай æртытæ сæхи арвы хъæбысмæ ивазынц, хъæу ныррухс. Хистæрæй-кæстæрæй йæ алыварс сæмбырд сты. Уæдæ фæсивæд та "сой-сой" хъæргæнгæ æртытыл зылдысты. Рæстæг ног цардырдæм акъул æмæ ирон адæймаг ууыл цин кæны. Уæвгæ, Фарныхъæуы нæ кадджын фыдæлты æгъдæуттæй нæ иппæрд кæнынц. Алы бæрæгбон дæр кæнынц йæ рæстæгыл, хистæрты куырыхон зондыл æнцайгæйæ. Ногбон ирон адæмы уарзондæр бæрæгбæтты хыгъды ис. Нæ фыдæлтæ йæ бастой хурхæтæнимæ. "Бон куыд даргъдæр кæны, афтæ нæ цард, нæ амонд дæр адаргъдæр уæнт", зæгъгæ, куывтой. Уæдæ ма Цыкурайы фæрдыг цы бинонтæм вæййы, уыдон дæр æй Ногбоны æхсæв сисынц. Фæкæсынц æм, сæхи йыл фæфæдзæхсынц, табу йын кæнынц.

Иконка канала IRYSTONTV
1 461 подписчик
12+
400 просмотров
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии