Виталий Мутко разамынд дæтдзæн Цæгат Ирыстоны 100 азы юбилей бæрæг кæныны цæттæгæнæн къамисæн
Уæрæсейы хицауады сæрдары хæдивæг Виталий Мутко разамынд дæтдзæн Цæгат Ирыстоны 100 азы юбилей бæрæг кæныны цæттæгæнæн къамисæн. Республикæйы æнусон юбилей бæрæг кæндзысты 2024-æм азы. Цæттæгæнæн комитеты сæрдары хæдивджытæй та снысан кодтой Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл министр Сергей Чеботаревы. Комитеты уæнгтæй снысан кодтой Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдары хæдивæг Азымты Иринæ, Уæрæсейы транспорты министры фыццаг хæдивæг Иннокентий Алафинов, нæ бæстæйы арæзтад æмæ цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министры хæдивæг Юрий Гордеев, рухстауынады министры хæдивæг Андрей Николаев æмæ ма æндæрты. Æдæппæтæй - 22 бæрнон кусæджы. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, нæ бæстæйы президент Владимир Путин майы 2019-æм азы бафыста 2024-æм азы Цæгат Ирыстоны 100 азы юбилей бæрæг кæныны уынаффæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Виталий Мутко разамынд дæтдзæн Цæгат Ирыстоны 100 азы юбилей бæрæг кæныны цæттæгæнæн къамисæн
Категория:
Новости и СМИ