Байцаты Людмилæйæн радтой Уæрæсейы аивæдты академийы кадджын уæнджы ном
Эскиз скæнын, хъæугæ хуыз равзарын. Чысыл хæйттæй æнæхъæн композици сæмбырд кæнын. Алы лыстæгдзинадыл бæстонæй ахъуыды кæнын. Æрмæст уый фæстæ хъæдæрмæгæй фигурæ ралыг кæнын. Æмæ уый куыстæн æрмæст у йæ иу хай. Арт-объект снывæндын æнцон нæу, домы бирæ хъару æмæ рæстæг. Фæлæ Байцаты Людмилæйæн ацы архайд æрмæст æхцойдзинад хæссы. Йæ хъуыдытæ цардмæ рахæссы алыхуызон техникæ æмæ æууæлтæй пайда кæнгæйæ. Алы куысты дæр нывгæнæг бавæры цавæрдæр мидис. Мæнæ уынут, ныртæккæ цæуыл кусын, уый. Кæронмæ йæ нæма фæдæн конд. Йæ мидисы кой куы кæнон, уæд дзы æвдисын Икары базыртæ. Уый мифмæ гæсгæ йæ базыртæ басыгъта хурмæ тæхгæйæ. Мæнмæ гæсгæ дзы арф хъуыды æвæрд ис. Уымæй хуыздæр ма цы уа æмæ адæймаджы йæ бæллицты куы фæнда æппæты бæрзонддæр æмвæзадмæ схизын. Хурмæ хи сивазын. Аивадмæ уарзондзинад Людмилæ рахаста сабибонтæй. Уæд æй фæндыд алцыдæр уыцы иу хаттӕн базонын æмæ скæнын. Юрист, адвокат, дохтыр. Хъуыды ма кæны драмон къордмæ дæр æй куыд хуыдтой, уый. Ныв кæнын райдыдта, 11 азы йыл куы цыд, уæд. Раздæр сылгоймаг нывгæнæгæн тынг зын уыд нæлгоймагимæ иу æмрæнхъ æрлæууын, - дзуры нывгæнæг. Алы техникæйæ дæр пайда кæнын зоны. Нывкæнынад, текстиль, арт-объекттæ æмæ инсталяцитæ. Байцаты Людмилæ у сыгъзæрин къухты хицау. Йæ алы куыстмæ дæр тынг бæстон æмæ зæрдиагæй бацæуы, рауайынц ын ирд æмæ цымыдисаг. Куыд дзуры, афтæмæй йæ ивгъуыдмæ аздæхын куы бахъæуид, уæд дзы ницы баивид. Нывгæнæгæй сæрибардæр дæсныйад нæй, зæгъы сылгоймаг. Æрмæст ам ын ис æппæт гæнæнтæ йæ хъуыдытæ æмæ æнкъарæнтæ раргом кæнынæн. Людмилæ архайдта 40 æппæтадæмон симпозиумы, æртæ сæдæ регионалон æмæ æппæтуæрæсеон равдыстыты. Уыимæ ма хи равдыстытæ 20-ӕй фылдæр куыд Уæрæсейы, афтæ фæсарæнты дæр. Цардуарзон, зæрдæхæлар æмæ сæрæн сылгоймаг. Алкæддæр цæттæ у йæ зонындзинæдтæ æмæ фæлтæрддзинадæй фæхай кæнынмæ, цæмæй иннæтæн сæ бæллицтæ æххæст кæной. Æрæджы Людмилæйæн радтой Уæрæсейы аивæдты академийы кадджын уæнджы ном. Фидæнмæ пълæнты - йæ дæсныйады рæзын. Куысты хи ма бафхæрын, цæмæй тыхтыл тых æфта. Йæ куыстыты та æвдиса йæ æнкъарæтæ.