«Зæлийы чындзытæ» Дзæуджыхъæуæй Беслæнмæ ацыдысты

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

8 просмотров

7 лет назад

Цæгат Ирыстоны Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон академион театры артисттæм разынд хорз хъуыды. Ныр сæ спектаклтæ æвдисдзысты районты дæр. Ахæм хæс сфæлдыстадон къордты размæ сæвæрдта республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав дæр. Уыцы фæтк адæмæн пайда у. Фылдæр хатт сын фадат нæ вæййы Дзæуджыхъæумæ ссæуынæн. Артистты фенынмæ та алчидæр фæбæллы. Ацы хатт сценæйы дæснытæ абалц кодтой Рахизфарсы районмæ. Беслæны сæ курдиаты зынгæй ныррухс культурæйы бынæттон галуан. Уазиты Зæлинæ дæр сæм ныууад. Цы `рмæг систа, уымæ бакæсут. Гъе, мæнæ ахæм æрвылбоны нывтæй райдыдта бинонты цард æвдисæг спектакль "Зæлийы чындзытæ". Ацы хатт ирон театры артисттæ бавдæлдысты æмæ Беслæнмæ ныхæццæ сты. Ам сæм культурæйы бынæттон галуаны бирæ адæм æнхъæлмæ кастис. Уыдон æрмæст Беслæны цæрджытæ нæ уыдысты, се `хсæн хæстæгдæр хъæуты минæвæртты дæр уыдис фенæн. Цæгат Ирыстоны Тæбæхсæуты Балойы номыл паддзахадон театры артисттæ кæд сæхи сценæйыл нæ хъазыдысты, уæддæр тетрдзауты зæрдæйы ахаст æххæстæй банкъардтой. Спектаклтæ республикæйы районтæм ласынмæ разы сты. Куыд зæгъынц, афтæмæй уый тынг хорз хъуыддаг у. Бирæтæн фадат нæй Дзæуджыхъæумæ цæуынæн, ирон аивады цæхæр та афтæмæй сæ уд, сæ дзæцц у. Спектакль "Зæлийы чындзытæ" Ирон академион театры фыццаг хатт нæ сæвæрдтой. Фæлæ куыд раздæр, афтæ абоны бон дæр йæ мидис ахадгæ у. Нырыккон царды дæр ис Зæлийы хуызæн æфсинтæ æмæ йæ чындзытæ. Кæстæр хъуамæ уа лæггадгæнаг æмæ æрхъуыдыджын, хистæр та - зондамонæг. Спектаклы сæйраг хъайтар Зæли куыд зæгъы, афтæмæй йæ сурæты йæхи уды миниуджытæй дæр цыдæртæ ссардта. Беслæны æмæ æгас Рахизфарсы районы цæрджытæн уыцы изæр æцæг бæрæгбон сарæзтой. Хъæлдзæг æмæ цымыдисаг кæй рауад. уый дызæрдыккаг нæу. Театрдзаутæ се `нкъарæнтæ æмбæхсгæ дæр нæ кæнынц. Ахæм уазджытæ сæм кæй æрцыдис, уый сын тынг æхсызгон у. Уæлдайдæр та - ахæм лæваримæ. Цæгат Ирыстоны паддзахадон театры артисттæ сæ уды хъарм дарддæр дæр рæдауæй дæтдзысты адæмæн. Уæлдай нæу, паддзахадон театры сценæмæ рацæуай, æви хæххон хъæуы чысыл бæстыхайы ахъазай. Сæйрагдæр у, бирæ дæ чи уарзы, уыдоны зæрдæтæ барухс кæнын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

«Зæлийы чындзытæ» Дзæуджыхъæуæй Беслæнмæ ацыдысты

Категория:

Новости и СМИ