Хуссар Ирыстоны кæнынц сгарæн куыстытæ Æнæнхъæлæджы Уавæрты Министрады ирвæзынгæнджытæ
Хуссар Ирыстоны дарддæр сгарæн куыстытæ кæнынц Уæрæсейы Федерацийы Æнæнхъæлæджы Уавæрты Министрады ирвæзынгæнджытæ. Ныридæгæн ссардтой 200 рæмудзæн æрмæгæй фылдæр. Иртасынц 22 гектарæй фылдæр зæхх. Уый тыххæй хъусын кæнынц Ирвæзынгæнæн куыстыты центры пресс-службæйæ. Бæлвырддæр куы дзурæм, уæд специалисттæ Зары фæндагыл агурынц минæтæ æмæ æндæр рæмудзæн æрмæджытæ. Ахæм куыст кæндзысты 15 июлмæ. Æнæнхъæлæджы Уавæрты Министрады кусдджытæ Хуссар Ирыстонмæ ныр æцыдысты 4 -аг хат. Фыццаг ахæм аблц акодтой 2016 азы. Уæдмæ сæ къухы бафтыд зианхæссæг æрмæджытæй 100 гектарæй фылдæр зæхх ссыгъдæг кæнын. Чи не`схæцыд, ахæм хæстон фæрæзтæ 700-йæ фылдæр фесафтой. Ныр дзы адæмæн у æдас. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хуссар Ирыстоны кæнынц сгарæн куыстытæ Æнæнхъæлæджы Уавæрты Министрады ирвæзынгæнджытæ
Категория:
Новости и СМИ