Æнустæм - хъуыдыйаг

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

Цæгат Ирыстоны абон фæстаг фæндараст загътой йæ уарзондæр хъæбултæй иуæн - Цомайты Тамерланæн. Йæ райгуырæн зæххæн ацы ирон лæг цы хæрзты бацыд, уый нымайынæн бирæ рæстæг бахъæудзæн. Уыд зындгонд æхсæнадон архайæг. Йæ зæрдæмæ хæстæг иста, алы хатт-иу Ирыстон цы историон цауты бафтыд, уыдон. Йæхи æцæг хъазуатонæй равдыста 1992-æм азы цауты, Горæтгæрон районыл тохы зынг куы бафтыд, уæд. Йæ фидар ныхас-иу Цомайты Тамерланæн райъуыст, Хуссар Ирыстоныл-иу Гуырдзыстоны фыдгæнджыты `рдонгтæ къахæй куы бафсæрстой, уæд. Уыдис республикæйы Парламенты депутат. Уым дæр йæ ныхас - æргом æмæ нуарджын. Бирæ рæстæг разамынд лæвæрдта Уæрæсейы Коммунистон партийы цæгатирыстойнаг хайадæн. Цомайы-фырты æмхуызон уарзтæй уарзтой куыд Ирыстоны цæгаты, афтæ йæ хуссары дæр. Йæ зонындзинæдтæ, йæ дзырды хъомыс, йæ хъуыды-иу кæм бахъуыд, уым сæ-иу æнæвгъауæй пайда кодта. Уыдис бирæ хæрзиуджытæ дарæг, йæхæдæг дзы кадджындæрты `хсæн кæй бæрæг кодта, уый уыдис "Ирыстоны кадæн"-ы майдан. Æнæмæнг, Цомайты Тамерланы ном цæргæйæ баззайдзæн, кæй авдæны рахъомыл, уыцы Ирыстоны. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Æнустæм - хъуыдыйаг

Категория:

Новости и СМИ