Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав фембæлд Санкт Петербурджы цæрæг ирæттимæ
Мадзал райдыдта æхсызгон хабарæй. Цæгат Ирыстоны æппæты кадджындæр хæрзиуæг «Ирыстоны Намысы Майдан»-æй схорзæхджын кодтой Санкт Петербурджы ирæтты æхсæнады сæрдар Тамайты Константинны. Рæзгæ фæлтæры хъомыладмæ стыр æвæрæн кæй хæссы, уый тыххæй кадджын гæххæт балæва кодтой 242-æм скъолайы ахуыргæнæг Светланæ Кравченкойæн. Æмбырдмæ скъоладзаутимæ бацæттæ кодта презентаци Уæрæсейы нациты тыххæй. Уымæй уæлдай ма сывæллæттæ бакастысты сæ фыстæджытæ Битарты Вячеславæн. Уый сæ фæхуыдта уазæгуаты Цæгат Ирыстонмæ. Республикæйы номыл кадджын гæххæттытæ саккаг кодтой Санкт-Петербурджы нациты `хсæн ахастдзинæдты комитеты сæрдар Олег Махнойæн, йæ хæдивæг Вадим Окрушкойæн. Стæй Нациты хæдзары директор Еленæ Кузнецовæйæн æмæ æндæртæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав фембæлд Санкт Петербурджы цæрæг ирæттимæ
Категория:
Новости и СМИ