Электрон тыхы фиддонтæ Цæгат Ирыстоны цæрджытæ сентябры баххæст кодтой
Электрон тыхы фиддонтæ Цæгат Ирыстоны цæрджытæ сентябры баххæст кодтой. Уый тыххæй фехъсын кодтой «ЦæгатКавказэнерго»-йы къамисы сæрмагонд æмбырды. Ивгъуыд азимæ абаргæйæ фиддонты бæрц фæфылдæр 5,3%, уый у 8 милуан сомы. Профилон кустуаты разамонæг Быгъуылты Сосланы ныхæстæм гæсгæ, лæггæдтæн хуыздæр фидын райдыдтой республикæйы алы районы дæр. Уæдæ раздæры хæс фæкъаддæр кæнын дæр къухы бафтыд. Æдæппæтæй 1 милуан æмæ 300 мин сомы бæрц. Фæлæ кæд бæрæггæнтæ дзæвгар фæхуыздæр сты, уæддæр цæрджыты хæс «ЦæгатКавказэнерго»-йы раз у 500 милуан сомы. Хæсджынтæн сæ 85% сты Дзæуджыхъæуы цæрджытæ. Профилон куыстуаты специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй адæмимæ кусынц, сæ хæс фæкъаддæр кæнын цы цæрджыты нæ фæнды, уыдоны хæдзæрттæ та электрон тыхæй фæиппæрд кæнынц. Уыимæ ма хъæугæ гæххæттытæ бадæттынц тæрхондонмæ дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Электрон тыхы фиддонтæ Цæгат Ирыстоны цæрджытæ сентябры баххæст кодтой
Категория:
Новости и СМИ